Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

101 Псалом

1 Ӕфхӕрд адӕймаджы кувын,
      йе 'нӕбонӕй Дунедарӕгӕн
      йӕ зӕрдӕйы хъыг куы раргом кодта, уӕд.
2 О Дунедарӕг, фехъус мӕ куывд,
      фехъуысӕд Дӕм ӕххуысагур мӕ дзыназын.
3 Ма аздах Де 'ргом мӕнӕй мӕ хъыджы заман;
      мӕ дзыназыны бон мӕ фехъус,
      рӕвдздӕр мын дзуапп ратт.
4 Фӕздӕгау фӕивгъуыйынц мӕ бонтӕ,
      ӕхсидавау судзынц ме стджытӕ.
5 Мӕ зӕрдӕ бахус, кӕрдӕгау баруад;
      мӕ къӕбӕр бахӕрын дӕр мӕ ферох вӕййы.
6 Мӕ фырхъӕрзынӕй ме стджытӕ мӕ цармыл
      бандӕгъдысты.
7 Ӕз сдӕн ӕдзӕрӕг ран иунӕг сидахъау,
      хӕлддзӕгты цӕрӕг уыгау.
8 Хуыссӕг мыл нӕ хӕцы,
      уӕлхӕдзарыл иунӕгӕй бадӕг маргъау сдӕн.
9 Сӕумӕйӕ изӕрмӕ мӕстӕй марынц мӕн
      ме знӕгтӕ;
      чи мӕ ӕлгъиты, уыдон мӕ ном хӕссынц
      фидисӕн.
10 Дзулау хӕрын ӕртхутӕг,
      дон нуазын мӕ цӕссыгимӕ
11 Дӕ судзгӕ масты тыххӕй мӕнмӕ;
      уымӕн ӕмӕ сбӕрзонд кодтай мӕн,
      стӕй мӕ иуварс аппӕрстай.
12 Мӕ царды бонтӕ ивгъуыйынц изӕры аууонау,
      кӕрдӕгау баруадтӕн.
13 Ды та, Дунедарӕг, ӕнустӕм цӕрыс;
      Дӕ ном – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
14 Ды рацӕудзынӕ, батӕригъӕд кӕндзынӕ
      Сионӕн;
      уымӕн ӕмӕ ӕрцыд уымӕн хорзӕх
      ракӕныны афон,
      ӕрцыди уыцы афон.
15 Дӕ цагъартӕ йын уарзынц йӕ дуртӕ дӕр,
      сӕ мӕт – суанг йӕ рыгыл дӕр.
16 Адӕмтӕ тӕрсдзысты Дунедарӕджы номӕй,
      ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ – Йӕ кадӕй.
17 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ногӕй самайдзӕн Сионы
      ӕмӕ йӕм фӕзындзӕн Йӕ кады;
18 Йӕ хъус ӕрдардзӕн мӕгуырты куывдмӕ,
      сӕ куывдыл нӕ атигъ кӕндзӕн Йӕхи.
19 Уадз уый ныффыстӕуӕд ног фӕлтӕртӕн,
      ӕмӕ стауой Дунедарӕджы
      зӕххыл ма чи райгуырдзӕн, уыдон.
20 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕркӕсы
      Йӕ сыгъдӕг бӕрзӕндӕй,
      уӕлӕрвтӕй Йӕ цӕст дары зӕххмӕ,
21 Ӕмӕ фехъусдзӕн ахӕстыты хъӕрзын,
      ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕни,
      мӕлӕтмӕ лӕвӕрд чи у, уыдон,
22 Цӕмӕй Сионыл хъусын кӕной
      Дунедарӕджы кадджын ном,
      стауой Йӕ Иерусалимы,
23 Адӕмтӕ куы ӕрӕмбырд уой иумӕ –
      паддзахӕдтӕ Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынмӕ, уӕд.
24 Мӕ цардвӕндагыл мын басаста мӕ хъару,
      фӕцыбыр кодта мӕ бонтӕ.
25 Ӕз загътон: «Мӕ Хуыцау!
      Мӕ бонтӕ мын ӕмбисыл ма аскъуын;
      азтӕ Дӕ бар сты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
26 Райдианы ӕрӕвӕрдтай зӕхх,
      ӕмӕ арв – Дӕ къухты сконд.
27 Уыдон аивгъуыйдзысты,
      Ды та уыдзынӕ мыггагмӕ;
      алӕзӕрдзысты пӕлӕзау, дарӕсау сӕ раивдзынӕ
      ӕмӕ нал уыдзысты.
28 Ды та ӕнустӕм дӕр Уый дӕ,
      Дӕ азтӕн кӕрон нӕй.
29 Дӕ цагъарты хъӕбултӕ цӕрдзысты
      ӕмӕ цӕрдзысты;
      сӕ байзӕддӕгтӕ ӕдзух уыдзысты
      Дӕ цӕсгомы раз».