Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

28 Псалом

1 Давиды псалом.
      Стаут Хуыцауы, уӕларвон цӕрджытӕ,
      стаут Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс.
2 Стаут Хуыцауы, кад скӕнут Йӕ номӕн;
      бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ Сыгъдӕг кады рухсы.
3 Дунедарӕджы хъӕлӕс – дӕтты сӕрмӕ;
      ныннӕрыди кады Хуыцау;
      Йӕ хъӕлӕс зӕлы стыр дӕтты сӕрмӕ.
4 Дунедарӕджы хъӕлӕс хъомысджын у,
      Хуыцауӕн ис алӕмӕттаг хъӕлӕс.
5 Хуыцауы хъӕлӕс дӕрӕн кӕны бӕрзонд нӕзытӕ,
      Дунедарӕг дӕрӕн кӕны ливайнаг нӕзытӕ;
6 Ливаны хӕхты бафтыдта родау гӕппытыл,
      Сирионы хохы та – ӕрыгон хъӕддаг галау.
7 Хуыцауы хъӕлӕс сирвӕзын кӕны пиллон арт.
8 Хуыцауы хъӕлӕсӕй баризы ӕдзӕрӕг быдыр;
      Дунедарӕг баризын кӕны Кадесы ӕдзӕрӕг быдыр.
9 Дунедарӕджы хъӕлӕс ныууигъы тулдзбӕлӕстӕ,
      ӕмӕ сбӕгънӕг вӕййы хъӕд.
      Уӕд Йӕ Кувӕндоны се 'ппӕт дӕр дзурынц:
      «Кадджын уӕд!»
10 Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны дӕтты сӕрмӕ;
      Хуыцау баддзӕни мыггагмӕ Йӕ паддзахы бадӕны.
11 Дунедарӕг дӕтты Йӕ адӕмӕн хъару,
      Йӕ адӕмӕн дӕтты фарны арфӕ.