Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

9 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      «Лабены мӕлӕт»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
      Давиды псалом.
2 Зӕрдӕбынӕй стаудзынӕн Дӕу, Хуыцау,
      дзурдзынӕн Дӕ бирӕ диссӕгты тыххӕй.
3 Дӕуыл уыдзӕни мӕ цин ӕмӕ райдзынӕн,
      зардзынӕн Дӕ номыл, Бӕрзонд Хуыцау.
4 Ме знӕгтӕ лидзынмӕ фесты
      ӕмӕ бындзагъд фесты Дӕ разы.
5 Уымӕн ӕмӕ Ды ӕвзӕрстай мӕ хъуыддаг
      ӕмӕ мӕ рӕстад;
      Ды сбадтӕ паддзахы бадӕны
      раст тӕрхон рахӕссынмӕ.
6 Ды фӕзылын кодтай адӕмты,
      бабын кодтай фыдлӕгты,
      сӕ фӕд дӕр сын фесӕфтай мыггагмӕ.
7 Знӕгтӕ бынысӕфт фесты,
      ныппырх сын кодтай сӕ сахартӕ;
      сӕ кой дӕр нал ис.
8 Дунедарӕг та паддзахиуӕг кӕны мыггагмӕ!
      Йӕ паддзахы бадӕн фидаргонд у
      тӕрхон рахӕссынмӕ.
9 Дун-дунейӕн кӕндзӕн раст тӕрхон,
      адӕмты хъысмӕт ӕвзардзӕн ӕнӕхӕрамӕй.
10 Ӕфхӕрд адӕймагӕн
      Дунедарӕг уыдзӕн йӕ мӕсыг,
      мӕсыг ын уыдзӕн йӕ зыны бон.
11 Дӕ ном чи зоны, Хуыцау,
      уыдонӕн сӕ ныфс дӕ;
      уымӕн ӕмӕ Дӕу чи агуры, уыдон нӕ ныууадзыс.
12 Зарут Сионыл цӕрӕг Дунедарӕгӕн,
      адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ!
13 Уымӕн ӕмӕ Уый тугкалджытӕй
      дзуапп домӕг у;
      Йӕ зӕрдыл дары ӕфхӕрдтыты,
      нӕ дзы рох кӕны сӕ дзыназын.
14 Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг!
      Ме сӕфтмӕ бӕлджытӕ
      мӕн удхарӕй куыд марынц,
      уымӕ ӕркӕс Ды,
      байс мӕ мӕлӕты комӕй.
15 Ӕмӕ ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй
      Сионы чызджы[4] кулдуары раз,
      цин кӕндзынӕн, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.
16 Адӕмтӕ ныххаудысты,
      сӕхӕдӕг цы уӕрм къахтой, уым;
      сусӕг ран цы къӕппӕг сӕвӕрдтой,
      уый сӕ ӕрцахста сӕ къахӕй.
17 Дунедарӕг Йӕ раст тӕрхонӕй
      базонын кодта Йӕхи;
      фыдлӕгӕн йӕ хъуыддӕгтӕ
      йӕхицӕн уыдзысты къӕппӕг. ||
18 Фыдлӕгтӕ, Хуыцауы рохгӕнӕг адӕмтӕ –
      се 'ппӕт дӕр ацӕудзысты дӕлдзӕхмӕ.
19 Уымӕн ӕмӕ гӕвзыкк
      рохуаты нӕ баззайдзӕн мыггагмӕ,
      мӕгуыртӕн сӕ зӕрдӕдарӕн нӕ фесӕфдзӕн.
20 Рацу, Дунедарӕг, цӕмӕй адӕймаг
      бӕрзонд ма сӕвӕра йӕхи;
      уадз адӕмтӕн тӕрхон цӕуа Дӕ цӕсгомы раз.
21 Тас сӕ бауадз, Хуыцау!
      Уадз ӕмӕ адӕмтӕ зоной,
      адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ кӕй ницы сты, уый. ||
22 Дӕрддзӕф цӕмӕн лӕууыс, Дунедарӕг,
      цӕмӕн ӕмбӕхсыс зын заманы Дӕхи?
23 Фыдлӕг схъӕл у, ӕгъатырӕй зилы мӕгуыры
      фӕдыл, ӕмӕ
      йӕ фыдвӕндты къӕппӕджы бахауы уый.
24 Уымӕн ӕмӕ фыдлӕг хъал у йӕ монцтӕй;
      буц у йе 'нӕфсисӕй ӕмӕ фауы Дунедарӕджы.
25 Фыдлӕг йӕ сӕрыстырӕй нӕ агуры Хуыцауы:
      «Хуыцау нӕй», – ахӕм сты йе 'ппӕт хъуыдытӕ;
26 Кӕддӕриддӕр уый пайдайыл хӕст у;
      Дӕ уынаффӕтӕм дӕрддзӕф лӕууы;
      йе 'ппӕт знӕгтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсы.
27 Йӕхицӕн фӕзӕгъы:
      «Ницы хуызы фӕцуддзынӕн,
      фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ мыл
      фыдбылыз не 'рцӕудзӕн».
28 Йӕ ком дзаг у ӕлгъыстӕй,
      хин ӕмӕ ӕртхъирӕнӕй;
      йӕ дӕлӕвзаг – знаггад ӕмӕ фыдӕх.
29 Кӕйдӕр размӕ бабады фӕскъул;
      кӕм ӕй ничи уыны, уым амары ӕназымы,
      сусӕгӕй йӕ цӕст дары мӕгуырмӕ.
30 Хуыккомы домбай куыд ӕрхуыссы,
      афтӕ ӕрӕмбӕхст фӕсвӕд
      ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы;
      сусӕгӕй дары йӕ цӕст,
      цӕмӕй йӕхи ныццӕва мӕгуырыл;
      йӕхи йыл ныццӕвы
      ӕмӕ йӕ баппары йӕ къӕппӕджы.
31 Ӕрӕмбӕхсы, ӕрбырсы ӕнӕбоны
      ӕмӕ дзы йӕ фидар ныхтӕ ныссадзы.
32 Йӕхицӕн фӕзӕгъы:
      «Йӕ хъуыдыйы нӕ дӕн Хуыцауӕн!
      Йӕ цӕсгом бамбӕрзта, никуы мӕ фендзӕни».
33 Рацу, Дунедарӕг Хуыцау, равдис Дӕ цонджы тых,
      ма ферох кӕн ӕфхӕрдты.
34 Фыдлӕг цӕмӕн фауы Хуыцауы,
      хинымӕр цӕмӕн фӕзӕгъы:
      «Нӕ мӕ бадомдзынӕ дзуапп, Хуыцау!»
35 Ды уыныс, Ды бафиппайыс маст ӕмӕ бӕллӕх
      ӕмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ дӕ ӕххуысмӕ;
      мӕгуыр Дӕуыл фӕдзӕхсы йӕхи;
      сидзӕрӕн Ды дӕ ӕххуысгӕнӕг.
36 Фыдлӕджы ӕмӕ галиуы тых басӕтт,
      бафхӕр ӕй йе 'взӕр миты тыххӕй,
      йӕ фӕд дӕр куыд нал уа, афтӕ.
37 Мыггагмӕйы Паддзах у Дунедарӕг;
      муртаттӕн Йӕ зӕххыл сӕ фӕд дӕр нал уыдзӕн.
38 Ды зоныс, Хуыцау, сӕрныллӕджыты бӕллицтӕ;
      сӕ зӕрдӕты сын бауадзыс ныфс,
      сӕ курдиат сын хъусыс,
39 Цӕмӕй бахъахъхъӕнай сидзӕры ӕмӕ ӕфхӕрды,
      ӕмӕ зӕххон адӕймаг а-дунейыл мауал ӕфтауа тас.