106 Псалом
1 Стаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ Уый
фӕрнджын у,
уымӕн ӕмӕ Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
2 Афтӕ зӕгъӕнт, Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта,
фыдгулы къухӕй кӕй бахызта,
3 Ӕппӕт бӕстӕтӕй кӕй ӕрӕмбырд кодта –
скӕсӕнӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕй,
цӕгатӕй ӕмӕ хуссарӕй – уыдон.
4 Ӕдзӕрӕг быдыры хауӕггаг уыдысты
ӕдзӕуӕг фӕндагыл,
кӕм ӕрцӕрой, ахӕм сахар нӕ ардтой.
5 Ӕййӕфтой стонг ӕмӕ дойны,
сӕ уд тухӕнӕй сфӕлахс и.
6 Уӕд сӕ тыхстӕй сдзынӕзтой Дунедарӕгмӕ,
ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта сӕ зынтӕй.
7 Ахуыдта сӕ раст фӕндагыл, цӕмӕй цӕуой,
ӕрцӕрӕн кӕм уыди, уыцы сахармӕ.
8 Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй,
адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта,
уыдоны тыххӕй!
9 Уымӕн ӕмӕ дойныгӕнӕг удтӕн суагъта сӕ дойны,
хӕрзтӕй бафсӕста ӕххормӕгты зӕрдӕтӕ.
10 Уыдон цардысты талынджы ӕмӕ мӕлӕты тары –
тухӕйнаг ӕмӕ рӕхыстӕй баст ахстытӕ;
11 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхасы ныхмӕ цыдысты,
ницӕмӕ дардтой Бӕрзондбадӕджы уынаффӕтӕ.
12 Хуыцау сын ӕрсаста сӕ зӕрдӕ уӕззау куыстытӕй;
фӕкалдысты, ӕмӕ сын ӕххуысгӕнӕг нӕ уыд.
13 Уӕд сӕ тыхстӕй сдзынӕзтой Дунедарӕгмӕ,
ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта сӕ зынтӕй.
14 Ракодта сӕ талынгӕй, мӕлӕты аууонӕй,
арӕдывта сын сӕ рӕхыстӕ.
15 Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй,
адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта,
уыдоны тыххӕй!
16 Уымӕн ӕмӕ Уый басаста ӕрхуы дуӕрттӕ,
арӕмыгъта ӕфсӕн ӕхгӕнӕнтӕ.
17 Ӕнӕзӕндтӕ сӕ галиу фӕндӕгты тыххӕй,
сӕ азымты тыххӕй хъизӕмары хай фесты.
18 Сӕ зӕрдӕ ницыуал хӕринаг иста,
ӕмӕ ингӕны къӕсӕрмӕ ӕрбахӕстӕг сты.
19 Уӕд сӕ тыхстӕй сдзынӕзтой Дунедарӕгмӕ,
ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта сӕ зынтӕй.
20 Рарвыста Йӕ ныхас ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта,
ингӕнӕй сӕ бахызта.
21 Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй,
адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта,
уыдоны тыххӕй!
22 Ӕрхӕссӕнт Ын бузныджы нывонд,
цинӕй заргӕйӕ хъусын кӕнӕнт Йӕ хъуыддӕгтӕ!
23 Денджызмӕ-иу сӕ наутыл чи араст и,
фурды донвӕндӕгтыл йӕ куыст чи кодта,
24 Уыдон уыдтой Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ
ӕмӕ Йӕ диссӕгтӕ донзилӕны.
25 Йӕ ныхасӕй-иу сыстади уад,
хӕрдмӕ иста уылӕнтӕ;
26 Наудзаутӕ-иу ссыдысты арвмӕ,
ныццыдысты дӕлдзӕхмӕ;
сӕ ныфс састи фыдӕвзарӕнты.
27 Зилдух кодтой ӕмӕ, расгуытау, цудыдтой;
се 'ппӕт арӕхстдзинад-иу цыдӕр ӕрбаци.
28 Уӕд сӕ тыхстӕй сдзынӕзтой Дунедарӕгмӕ,
ӕмӕ сӕ ракодта сӕ зынтӕй.
29 Уый ныссабыр кодта уад,
ӕмӕ уылӕнтӕ банцадысты.
30 Ирвӕзтытӕ сцин кодтой, уыдон кӕй банцадысты,
ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕркодта сӕ бӕллиццаг наулӕууӕнмӕ.
31 Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй,
адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта,
уыдоны тыххӕй!
32 Уадз сбӕрзонд кӕной Йӕ ном адӕмы ӕмбырды,
кад Ын кӕнӕнт хистӕртӕ ныхасы.
33 Хуыцау цӕугӕдӕттӕй саразы хус быдыртӕ,
згъоргӕ суадӕттӕй – хуыскъ зӕхх,
34 Бӕркадджын зӕххӕй – цӕхджын быдыр,
чи йыл цӕры, уыдоны фыдӕхы тыххӕй.
35 Хус быдыр фестын кӕны цад,
хуыскъ зӕхх – згъоргӕ суадӕттӕ;
36 Ӕмӕ уым ӕрцӕрын кӕны цардмондӕгты,
цӕмӕй саразой сахар ӕмӕ дзы ӕрцӕрой.
37 Байтауынц быдырты, ныссадзынц сӕнӕфсирдӕттӕ
ӕмӕ сын ӕрхӕссынц бирӕ дыргъ.
38 Йӕ арфӕ сыл ӕруадзы, ӕмӕ тынг сбирӕ вӕййынц,
сӕ фосы нымӕц дӕр сын нӕ цух кӕны.
39 Чысыл куы вӕййы сӕ нымӕц,
дӕлбарӕй ныллӕггонд ӕфхӕрд ӕмӕ ӕрхӕндӕг,
40 Уӕд сын ӕгадмӕ ӕртӕры се 'лдӕртты,
ныдздзӕгъӕл сӕ кӕны ӕдзӕрӕг, ӕвӕндаг быдырты.
41 Хъуагӕййафӕджы та ссӕрибар кӕны йӕ зынтӕй,
фысты дзугау ын сбирӕ кӕны йӕ мыггаг.
42 Рӕстгӕнджытӕ уый уынынц ӕмӕ цин кӕнынц,
алы фыдзӕрдӕйӕн та йӕ бон зӕгъын
ницыуал вӕййы.
43 Зондджын чи у, уый раиртасӕд адон
ӕмӕ бамбарӕд Хуыцауы хорзӕх.

