61 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
Едифумӕн.
Давиды псалом.
2 Ӕрмӕст Хуыцаумӕ ссары мӕ уд ӕнцой;
Уымӕй у мӕ ирвӕзындзинад.
3 Ӕрмӕст Хуыцау у мӕ къӕдзӕх,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ мӕсыг;
нал фӕгуырысхо уыдзынӕн.
4 Сымах та кӕдмӕ знаггад кӕндзыстут
адӕймагӕн уе 'ппӕт дӕр, куыд фӕцуда, афтӕ?
Ӕнӕуый дӕр кӕлӕддзаг къулӕй
ӕмӕ саст быруйӕ уӕлдай нӕу.
5 Уыдон хъавынц бӕрзондӕй йӕ раппарынмӕ;
сайын сын у ӕхцон, ӕвзагӕй арфӕ кӕнынц,
хинымӕр та – ӕлгъитгӕ. ||
6 Ӕрмӕст Хуыцаумӕ ссар, мӕ уд, ӕнцой;
уымӕн ӕмӕ Уымӕй у мӕ ныфс.
7 Иунӕг Хуыцау у мӕ къӕдзӕх,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ мӕсыг;
нӕ фӕгуырысхо уыдзынӕн.
8 Хуыцауӕй аразгӕ сты мӕ ирвӕзт ӕмӕ кад;
Уый мӕ фидар къӕдзӕх у, ме 'мбӕхсӕн.
9 О адӕм, уӕ зӕрдӕ Йыл дарут кӕддӕриддӕр;
уӕ зӕрдӕты цы ис, уый Йын раргом кӕнут:
Хуыцау нӕ сӕрылхӕцӕг у. ||
10 Мӕнг сты адӕймӕгтӕ,
фӕлывд сты лӕджы фырттӕ.
Барӕнтыл сӕ куы ӕрӕвӕрай,
уӕд иууылдӕр иумӕ уӕлдӕфӕй рогдӕр сты.
11 Ныфс уӕ ма уӕд стигъынӕй,
давынӕй схъӕл ма ут;
уӕ мулк куы сбирӕ вӕййы,
уӕд ын уӕ зӕрдӕ ма раттут.
12 Хуыцау загъта иу хатт,
ӕмӕ йӕ ӕз дыууӕ хатты фехъуыстон,
тых Хуыцаумӕ кӕй ис,
13 Ӕмӕ дӕумӕ кӕй ис, Дунедарӕг, хорзӕх.
Бӕлвырд, Ды алкӕмӕн дӕр
йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дӕттыс.

