Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

22 Псалом

1 Давиды псалом.
      Хуыцау – мӕ фыййау,
      ӕз ницӕмӕй уыдзынӕн хъуаг.
2 Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты,
      ахоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм.
3 Дӕтты мын ног тыхтӕ;
      аразы мӕ рӕстады фӕндагыл
      Йӕ номы сӕраппонд.
4 Мӕлӕты тар комы цӕугӕ мын куы фӕуа,
      уӕддӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй,
      уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ дӕ;
      Дӕ паддзахы бар ӕмӕ Дӕ фыййауы лӕдзӕг
      хъахъхъӕнынц мӕн.
5 Ды мын ахӕм фынг ӕрӕвӕрдтай
      ме знӕгты цӕсты раз!
      Мӕ сӕр мын байсӕрстай хӕрздӕф зетийӕ,
      мӕ кӕхц кӕлы йӕ былтӕй.
6 Уӕдӕ цалынмӕ удӕгас дӕн,
      уӕдмӕ мын Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх
      уӕнт ӕмбӕлццӕттӕ,
      ӕмӕ мӕ царды ӕппӕт бонтӕ
      арвитдзынӕн Дунедарӕджы Хӕдзары.