Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

34 Псалом

1 Давиды псалом.
      Ӕрлӕуу сӕ ныхмӕ, Дунедарӕг,
      мӕ ныхмӕлӕуджытӕн;
      бацу тохы мемӕ тохгӕнджытимӕ.
2 Райс Дӕ фидар уарт ӕмӕ згъӕрдарӕс,
      фӕзын мӕм ӕххуысмӕ.
3 Райс арц ӕмӕ ӕрлӕуу мӕн сурджыты развӕндагыл;
      мӕ удӕн зӕгъ: «Ӕз дӕ ирвӕзынгӕнӕг дӕн».
4 Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт,
      мӕн амарынмӕ чи агуры, уыдон;
      мӕнӕн фыдвӕндгӕнджытӕ
      фӕуӕнт лидзинаг ӕмӕ фидисы хай;
5 Дымгӕ кӕй ныффӕйлауы,
      ахӕм зыгуымӕй уӕлдай ма уӕнт,
      Хуыцауы зӕд сӕ фӕсурӕд;
6 Талынг ӕмӕ бырынцъаг уӕд сӕ фӕндаг,
      ӕмӕ сӕ сурӕд Хуыцауы зӕд.
7 Уымӕн ӕмӕ мын ӕнаххосӕй
      сусӕгӕй сӕвӕрдтой къӕппӕг,
      ӕнаххосӕй мын скъахтой уӕрм.
8 Ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕуӕд се сӕфт,
      мӕнӕн цы къӕппӕг сӕвӕрдтой,
      уый сын ӕрцахсӕд сӕхи, бахауӕнт дзы се сӕфтӕн.
9 Мӕ уд та цин кӕндзӕни мӕ Хуыцауыл,
      райдзӕни, кӕй мӕ бахызта, ууыл.
10 Ме уӕнгтӕ иууылдӕр зӕгъдзысты:
      «Хуыцау, чи у Дӕ хуызӕн,
      Дӕуау чи ирвӕзын кӕны ӕдыхы тыхджынӕй,
      мӕгуыры ӕмӕ гӕвзыччы – стигъджытӕй?»
11 Мӕ ныхмӕ рацыдысты ӕгъатыр ӕвдисӕнтӕ,
      фӕрсынц мӕ, ӕз цы нӕ зонын, уымӕй.
12 Мӕ хорз мын фидынц фыдӕй,
      цӕмӕй дзӕгъӕлӕй баззайа мӕ уд.
13 Уыдон-иу куы фӕрынчын сты,
      уӕд-иу ӕз скодтон хъисынтӕ,
      мӕхи-иу бадомдтон ком дарынӕй.
      Мӕ куывд-иу здӕхти мӕ риуы арфмӕ.
14 Ӕз сӕм кастӕн лымӕн ӕмӕ ӕфсымӕры цӕстӕй;
      цыдтӕн-иу ӕнкъардӕй, сӕргуыбырӕй,
      мӕ мады мардыл кӕуӕгау.
15 Ӕз куы фӕкалдтӕн, уӕд уыдон
      ӕрбамбырд сты цингӕнгӕ;
      ме 'фхӕрджытӕ рамбырд сты мӕ ныхмӕ,
      нӕ зонын, цӕй аххосӕй, фӕлӕ кодтой мӕ фыдгой,
      банцайӕн сын нал уыди.
16 Ӕнӕхуыцӕутты ӕхсӕн мӕ хынджылӕг кодтой,
      ӕмӕ мӕм цыди сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс.
17 О Хицау Хуыцау, бирӕ ма сӕм кӕсдзынӕ?
      Байс мӕ уды сӕ тыхтонайӕ,
      мӕ иунӕг цард – ӕрыгон домбӕйттӕй.
18 Бузныг Дын зӕгъдзынӕн бирӕ адӕмы раз,
      дзыллӕты ӕхсӕн стаудзынӕн Дӕу.
19 Ӕнаххосӕй мӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы,
      уадз уыдон ма ферайой мӕныл,
      ӕнӕхъуаджы мӕ йе сӕфт чи уыны,
      уыдон кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ма ныкъулой.
20 Сӕ ныхас нӕу фидыдыл,
      зӕххыл сабырӕй цӕрджыты ныхмӕ
      нывӕндынц фыдвӕндтӕ.
21 Се 'взӕгтӕ суагътой мӕнмӕ ӕмӕ дзурынц:
      «Афтӕ! Афтӕ! Уый дын нӕхи цӕстӕй кӕй федтам!»
22 Дӕхӕдӕг сӕ уыныс, Дунедарӕг,
      ӕмӕ ма у ӕнӕдзуапп;
      ма адард у мӕнӕй, мӕ Паддзах!
23 Фӕзын ӕмӕ рахӕсс Дӕ тӕрхон,
      равзар мӕ хъаст, мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау!
24 Рахӕсс мын тӕрхон
      Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
      ӕмӕ мыл ма ферайой,
25 Сӕхинымӕр мауал дзурой:
      «Афтӕ, нӕ фӕндиаг фӕци!»,
      мауал дзурой: «Аныхъуырдтам ӕй»,
26 Ӕмӕ ӕхсызгон кӕмӕн у мӕ бӕллӕх,
      уыдон се 'ппӕт дӕр фӕфидиссаг уой,
      схъӕлӕй мӕм чи кӕсы,
      уыдон фӕхудинаг ӕмӕ фегад уой.
27 Мӕ рӕстад ӕхсызгон кӕмӕн у,
      уыдон та райой, цингӕнгӕ иудадзыг дзурой:
      «Скадджын уӕд Хуыцау,
      Йӕ цагъарӕн фарн Кӕй зӕрдӕ зӕгъы!»
28 Ӕмӕ мӕ дзырды сӕр уыдзӕни Дӕ рӕстад,
      ӕрвылбон ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй.