Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

129 Псалом

1 Бӕрзонд Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.
      Мӕ зӕрдӕйы арфӕй дӕм дзыназын, О Дунедарӕг.
2 Мӕ Хицау Хуыцау, фехъус мӕ хъӕлӕс!
      Лӕмбынӕг байхъус мӕ лӕгъстӕмӕ, бацауд мыл.
3 Ды алы тӕригъӕд дӕр куы фиппайай, мӕ Паддзах,
      уӕд чи бафӕраздзӕн?
4 Фӕлӕ Ды хатыргӕнаг дӕ,
      ӕмӕ Дӕ уый тыххӕй аргъуц кӕнынц.
5 Хуыцауыл дарын мӕ зӕрдӕ, Уымӕ у ме скаст;
      ныфсджын дӕн Йӕ ныхасӕй.
6 Боны ӕрцыдмӕ хъахъхъӕнӕг куыд ӕнхъӕлмӕ кӕсы,
      уымӕй мӕ уд Хуыцаумӕ тынгдӕр бӕллы,
      уымӕй тынгдӕр.
7 Израил, Дӕ зӕрдӕ дар Дунедарӕгыл,
      уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уарзӕгой у,
      Уымӕ ис ӕгӕрон ирвӕзынгӕнӕг тых.
8 Ӕмӕ Уый фервӕзын кӕндзӕн Израилы
      йе 'ппӕт тӕригъӕдтӕй.