Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

10 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Давиды псалом.
      Хуыцауыл дарын мӕ зӕрдӕ.
      Уый куыд дзурут мӕ удӕн:
      «Маргъау атӕх дӕхи хӕхтӕм»?
2 Мӕнӕ фыдлӕгтӕ айвӕзтой ӕрдынбос –
      сӕ фат ӕрӕвӕрдтой ӕрдыныл,
      талынджы йӕ рӕстгӕнӕджы зӕрдӕйыл
      бауадзынӕввонг.
3 Бындуртӕ пырхгонд куы уой,
      уӕд ма рӕстгӕнӕджы бон дӕр цы у?
4 Хуыцау Йӕ сыгъдӕг Кувӕндоны ис,
      Йӕ паддзахы бадӕн – уӕлӕрвты;
      Йӕ цӕст нӕ исы адӕмӕй,
      фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгасӕй.
5 Хуыцау фӕлвары рӕстгӕнӕджы ӕмӕ фыдлӕджы,
      тыхмимӕ ӕмхиц чи у, уыдон Ын ӕнӕуынон сты.
6 Фыдлӕгыл уарынау ӕркалдзӕни
      судзгӕ цӕхӕр ӕмӕ сондон;
      уыраугӕ дымгӕ – сӕ хай.
7 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнӕг у
      ӕмӕ уарзы рӕстдзинад;
      рӕстылдзӕуӕг ын фендзӕн Йӕ цӕсгом.