141 Псалом
1 Давиды зондамонӕн псалом.
Афтӕ куывта, лӕгӕты куы уыди, уӕд.
Хъӕрӕй кувын Дунедарӕгмӕ,
Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын хъӕлӕсыдзагӕй.
2 Мӕ хъӕстытӕ Йын ракодтон зӕрдӕбынӕй,
Йӕ разы радзырдтон мӕ хъыгтӕ.
3 Мӕ уд мӕ мидӕг куы сӕдых,
уӕд ӕрмӕст Ды зыдтай мӕ цӕуӕнтӕ.
Ӕз цы фӕндагыл цӕуын,
ууыл сусӕгӕй айтыгътой хыз.
4 Кӕсын рахизырдӕм ӕмӕ уынын –
ничи мӕ нымайы.
Кӕм ма балӕууон, уый мын нал ис;
мӕ удыл ничи тыхсы.
5 Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, О Дунедарӕг,
ӕмӕ загътон: «Ды дӕ мӕ сӕрылхӕцӕг,
мӕ амонды хай царды зӕххыл».
6 Фехъус мын мӕ дзыназын,
уымӕн ӕмӕ тынг слӕмӕгъ дӕн;
мӕ фӕдыл чи зилы, уыдонӕй мӕ бахиз,
уымӕн ӕмӕ мӕнӕй тыхджындӕр сты.
7 Ссӕрибар кӕн ахӕстонӕй мӕ уды,
ӕмӕ стаудзынӕн Дӕ ном.
Дӕ арфӕйӕ мӕ куы схайджын кӕнай,
уӕд рӕстытӕ ӕрӕмбырд уыдзысты мӕ алыварс.

