Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

6 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      хъисфӕндыртыл: астхъисоныл.
      Давиды псалом.
2 О Дунедарӕг, тызмӕгӕй мын ма уайдзӕф кӕн;
      карзӕй мӕ ма бафхӕр.
3 Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
      уымӕн ӕмӕ ӕз ӕнӕбон дӕн;
      сдзӕбӕх мӕ кӕн, Дунедарӕг,
      ме стджытӕ ӕддӕг-мидӕг ауадысты.
4 Мӕ уд хъизӕмары бахауд.
      Кӕдмӕ афтӕ уыдзӕни, Дунедарӕг, кӕдмӕ?
5 Де 'ргом мӕм раздах, Хуыцау,
      мӕ цард мын бахъахъхъӕн;
      фервӕзын мӕ кӕн Дӕ хорзӕхы руаджы.
6 Марды зӕрдыл нал ӕрлӕудзынӕ,
      ингӕны чи стаудзӕни Дӕу?
7 Сфӕлмӕцыдтӕн мӕ уынӕргъынӕй;
      ӕрвылӕхсӕв фӕкӕуын мӕ сынтӕджы,
      мӕ цӕссыгӕй цӕхсын мӕ хуыссӕн;
8 Сагъӕсӕй бамынӕг мӕ цӕсты рухс,
      ме знӕгты аххосӕй рӕстмӕ нал уынын.
9 Аиуварс ут мӕнӕй уе 'ппӕт дӕр,
      фыдӕхӕн кусджытӕ;
      Дунедарӕг фехъуыста мӕ кӕуын.
10 Фехъуыста Хуыцау мӕ лӕгъстӕ,
      Дунедарӕг айста мӕ куывд.
11 Фӕхудинаг уыдзысты ме 'ппӕт знӕгтӕ,
      баззайдзысты састы бынаты,
      аздӕхдзысты ӕмӕ ӕваст фегад уыдзысты.