102 Псалом
1 Давиды псалом.
Стау, мӕ уд, Хуыцауы,
ӕппӕт мӕ мидзӕрдӕ Йӕ сыгъдӕг ном.
2 Стау, мӕ уд, Хуыцауы,
ма Йын рох кӕн Йӕ бирӕ хӕрзтӕ.
3 Уый бары ме 'ппӕт азымтӕ,
дзӕбӕх кӕны ме 'ппӕт низтӕ.
4 Ирвӕзын мӕ кӕны ингӕнӕй,
кады худау мын сты Йӕ уарзт ӕмӕ Йӕ рӕвдыд.
5 Ӕфсады мӕ хӕрзтӕй мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг,
сног мын кӕны ме 'взонгад, свӕййын цӕргӕсау.
6 Хуыцауӕй цӕуы рӕстдзинад,
Йӕ тӕрхон – ӕппӕт ӕфхӕрдтыты бахизынӕн.
7 Моисейӕн раргом кодта Йӕ фӕндӕгтӕ,
Израилы фырттӕн – Йӕ хъуыддӕгтӕ.
8 Фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг у Дунедарӕг,
бирӕ быхсы, ӕнӕкӕрон у Йӕ уарзт.
9 Ӕдзух тызмӕг нӕ кӕны,
Йӕ маст мыггагмӕ нӕ ахӕссы.
10 Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын нӕ ракодта,
нӕ азымтӕм гӕсгӕ нын нӕ бафыста.
11 Уымӕн ӕмӕ, арв зӕххӕй цӕйбӕрц бӕрзонддӕр у,
уыйбӕрц стыр у Йӕ уарзт,
чи Дзы тӕрсы, уыдонмӕ.
12 Скӕсӕн ныгуылӕнӕй куыд дард у,
афтӕ махӕй адард кодта нӕ фыдракӕндтӕ.
13 Фыд йӕ хъӕбултыл куыд ауды,
афтӕ Дунедарӕг ауды, чи Дзы тӕрсы, уыдоныл.
14 Уымӕн ӕмӕ зоны не сконд,
сыджыт кӕй стӕм, уый Дзы нӕ ферох.
15 Адӕймаджы цард у кӕрдӕджы фӕзындау,
быдираг дидинӕгау бирӕ нӕ ахӕссы.
16 Радымы йыл дымгӕ, ӕмӕ цыдӕр ӕрбавӕййы,
ӕмӕ кӕм уыди, уыцы бынат ничиуал ӕрымысдзӕн.
17 Фӕлӕ Дунедарӕджы хорзӕх мыггагӕй-мыггагмӕ у,
чи Дзы тӕрсы, уыдонмӕ,
ӕмӕ Йӕ рӕстад – сӕ байзӕддӕгтӕм,
18 Йӕ фидыд Ын чи нӕ халы,
Йӕ фӕдзӕхстытӕ йӕ зӕрдыл чи дары
ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонмӕ.
19 Хуыцау уӕлӕрвты ӕрӕвӕрдта Йӕ паддзахы бадӕн,
ӕмӕ паддзахиуӕг кӕны ӕппӕтӕн.
20 Стаут Хуыцауы Йӕ хъомысджын зӕдтӕ –
Йӕ дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ,
Йӕ ныхасӕн коммӕгӕстӕ.
21 Стаут Хуыцауы, Йе 'ппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ,
Йӕ фӕндон Ын чи ӕххӕст кӕны,
Йӕ уыцы лӕггадгӕнджытӕ.
22 Стаут Хуыцауы Йе 'ппӕт скондтӕ,
Йӕ паддзахады ӕппӕт бынӕтты.
Стау, мӕ уд, Хуыцауы!

