25 Псалом
1 Давиды псалом.
Дӕхӕдӕг мын рахӕсс тӕрхон, Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ рӕстӕй цардтӕн.
Хуыцауыл дарын мӕ зӕрдӕ,
нӕ фӕдызӕрдыг уыдзынӕн.
2 Сбӕрӕг мӕ кӕн, Хуыцау, бафӕлвар мӕ;
раиртас мӕ хъуыдытӕ ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ.
3 Дӕ хорзӕх ӕдзухдӕр мемӕ ис,
ӕмӕ цӕрын Дӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ.
4 Фӕлывд адӕймӕгты ныхасы никуы бадтӕн,
цӕстмӕхъусимӕ мын иумӕйагӕй ницы уыдзӕни.
5 Фыдлӕгты дзыгуырӕй ме сӕфт уынын,
фыдгӕнджытимӕ не 'рбаддзынӕн.
6 Мӕ къухтӕ ӕрӕхсын ӕназымӕй, Дунедарӕг,
афтӕмӕй ӕрзилын Дӕ нывондхӕссӕны алыварс –
7 Дӕу хъӕлӕсыдзагӕй стаугӕйӕ
ӕмӕ Де 'ппӕт диссӕгтыл дзургӕйӕ.
8 Дунедарӕг, ӕз бауарзтон Дӕ Хӕдзар –
Дӕ кады цӕрӕн бынат.
9 Мӕ уд мын тӕригъӕдджынтимӕ ма фесаф,
мӕ цард – тугцъиртимӕ.
10 Сӕ къухтӕ фыдракӕндтӕй хъӕстӕ сты,
сӕ рахиз къухтӕ – гӕртӕмттӕй дзаг.
11 Ӕз та цӕрдзынӕн ӕназымӕй;
равдис мӕм Дӕ хорзӕх ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн.
12 Мӕ къӕхтӕ фидар лӕууынц раст фӕндагыл;
ӕмбырдты ӕз стаудзынӕн Дунедарӕджы.

