31 Псалом
1 Давиды зондамонӕн псалом.
Тӕхудиаг у,
йӕ фыдмийы азым барст кӕмӕн у,
ӕмӕ йӕ тӕригъӕд хатыргонд кӕмӕн у.
2 Тӕхудиаг у,
Хуыцау йӕ зылын кӕмӕн нӕ банымайдзӕн,
йӕ уд ӕнӕхин кӕмӕн у, уыцы адӕймаг.
3 Мӕ тӕригъӕд куы нӕ хъӕр кодтон,
уӕд ме 'рвылбоны хъӕрзынӕй
ме стджытӕ скӕлӕддзаг сты.
4 Уымӕн ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй
ӕнкъардтон Дӕ къухы уӕз;
ме уӕнгты тых айсӕфти,
цыма сӕрдыгон хус рӕстӕджы. ||
5 Фӕлӕ Дын ӕз раргом кодтон мӕ тӕригъӕд
ӕмӕ мӕ фыдми нӕ бамбӕхстон.
Ӕз загътон:
«Басӕттон Хуыцауы раз мӕ фыдмитыл»,
ӕмӕ Ды систай мӕ азым,
ныббарстай мӕ тӕригъӕд. ||
6 Афтӕ Дӕм алы рӕстгӕнӕг дӕр бакувӕд,
цалынмӕ Дын ссарӕн ис;
уӕд ӕм стыр дӕтты ивылӕнтӕ дӕр
нӕ бахӕццӕ уыдзысты.
7 Ды ме 'мбӕхсӕн Дӕ, бахиздзынӕ мӕ хъыгтӕй
ӕмӕ мын ратдзынӕ ирвӕзыны цины зард. ||
8 Ды загътай: «Раст зондыл дӕ сараздзынӕн,
цы фӕндагыл дӕ цӕуын хъӕуы,
уый дын бацамондзынӕн;
уыдзынӕн дын уынаффӕгӕнӕг.
Уӕларвӕй дӕумӕ у мӕ каст.
9 Ма ут ӕнӕрхъуыды бӕх кӕнӕ хӕргӕфсы хуызӕн,
идонӕй кӕнӕ дзыларӕй здахын кӕй хъӕуы –
кӕннод дӕм не 'рбахӕстӕг уыдзысты».
10 Бирӕ хъыгтӕ бавзардзӕн фыдлӕг;
Хуыцауыл ӕууӕндӕг та хорзӕхтӕй ӕфсӕст у.
11 Райут ӕмӕ цин кӕнут Хуыцауыл, рӕстгӕнджытӕ;
зарут фырцинӕй уе 'ппӕт дӕр, рӕстзӕрдӕтӕ.

