8 Псалом
2 О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау,
куыд нӕры ӕппӕт зӕххыл Дӕ ном!
Ды скодтай Дӕ кад уӕлӕрвтӕй бӕрзонддӕр.
3 Сабитӕ ӕмӕ ноггуырдтӕ Дӕу кӕй стауынц,
уымӕй скодтай тых
ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтай Де знӕгты ныхмӕ,
фыдгул ӕмӕ мастисӕг
ӕнӕдзырды бон куыд фӕуой, афтӕ.
4 Дӕ къухты фӕллойыл –
арвыл Ды кӕй сӕвӕрдтай,
уыцы мӕй ӕмӕ стъалытыл
куы ахӕссын мӕ цӕст,
5 Уӕд фӕзӕгъын: цы у адӕймаг,
ӕмӕ Дӕ зӕрдыл лӕууа,
кӕнӕ цы у лӕджы фырт, ӕмӕ йыл мӕт кӕнай?
6 Зӕдтӕй[3] йӕ бирӕ дӕлдӕр не 'вӕрыс,
паддзахау ӕй скодтай
кадджын ӕмӕ намысджын.
7 Дӕ къухтӕй цы сарӕзтай,
ӕппӕт уыдонӕн ӕй сӕвӕрдтай хицауӕй;
ӕппӕт дӕр ын бакодтай йӕ дӕлбар:
8 Ӕппӕт фысты ӕмӕ галты, сырдты,
9 Уӕларвон мӕргъты, денджызон кӕсӕгты –
фурды арф фӕндӕгтыл ӕппӕт змӕлджыты.
10 О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау,
куыд нӕры ӕппӕт зӕххыл Дӕ ном!

