Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

138 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Давиды псалом.
      О Дунедарӕг, Ды мӕ бафӕлвӕрдтай
      ӕмӕ зоныс мӕн.
2 Кӕд сбадын ӕмӕ кӕд сыстын,
      уый Дын зындгонд у;
      Ды дардмӕ дӕр ӕмбарыс мӕ хъуыдытӕ.
3 Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон –
      ӕдзух Дӕ разы дӕн,
      ӕмӕ Дын мӕ фӕндӕгтӕ ӕгасӕй дӕр зындгонд сты.
4 Мӕ дзыхӕй ныхас нӕма рацӕуы, Хуыцау,
      афтӕмӕй Ды фӕзоныс ӕппӕтдӕр.
5 Фӕстӕрдыгӕй дӕр мӕ хъахъхъӕныс Ды
      ӕмӕ разӕрдыгӕй дӕр –
      Дӕ армӕй бамбӕрзтай мӕн.
6 Де стыр зонынад дис ӕфтауы мӕныл –
      бӕрзонд у, мӕ зонд ыл не 'ххӕссы.
7 Кӕдӕм ацӕудзынӕн Дӕ Удӕй,
      кӕдӕм алидздзынӕн Дӕуӕй?
8 Уӕлӕрвтӕм ссӕуон – Ды уым дӕ;
      дӕлдзӕхмӕ ныххизон – уым дӕр дӕ.
9 Сӕуӕхсиды базыртӕ куы райсин
      ӕмӕ куы атӕхин –
      денджызы иннӕ кӕрон куы ӕрцӕрин дард,
10 Уӕд мӕ уым дӕр Дӕ арм кӕндзӕни размӕ,
      хӕцдзынӕ мыл Дӕ рахиз цонгӕй.
11 Куы зӕгъин афтӕ дӕр: «Талынг бамбӕрзӕд мӕн,
      ӕмӕ рухс фестӕд мӕ алыварс ӕхсӕв»,
12 Уӕддӕр Дӕуӕн талынг дӕр нӕу тар,
      ӕхсӕв та Дын бонау ӕрттивы:
      Дӕуӕн талынг дӕр бонау рухс у.
13 Ды сфӕлдыстай, мӕ мидӕг цы ис, уыдон,
      бауафтай мӕн мӕ мады гуыбыны.
14 Стауын дӕ, уымӕн ӕмӕ диссаг
      ӕмӕ ӕмбисонды сконд дӕн ӕз.
      Диссаг сты Дӕ хъуыддӕгтӕ,
      ӕмӕ иттӕг ӕмбары уый мӕ уд.
15 Ды ме стджыты ӕнӕуынӕг нӕ уыдтӕ,
      сусӕг ран мӕ куы арӕзтӕуыд,
      гуыбыны арфы нывӕст куы цыдтӕн, уӕд.
16 Дӕ цӕстӕй федтай мӕ гуырдз;
      иу бон дӕр нӕма рацардтӕн,
      афтӕмӕй Дӕ чиныджы фыст уыдысты
      мӕнӕн нысангонд царды бонтӕ.
17 Куыд ӕнӕсгӕрст мын сты Дӕ хъуыдытӕ, О Хуыцау,
      ӕмӕ куыд бирӕ сты уыдон!
18 Райдаин сӕ нымайын,
      фӕлӕ змисӕй фылдӕр сты.
      Куы райхъал вӕййын, уӕддӕр ма демӕ вӕййын.
19 О мӕ Хуыцау, куы ныццӕгъдис Ды фыдлӕгты!
      Аиуварс ут мӕнӕй, тугмондӕгтӕ!
20 Уыдон фыдзондӕй дзурынц Дӕ ныхмӕ,
      Дӕ кой кӕнынц дзӕлгъӕды Де знӕгтӕ.
21 Куыд нӕ хъуамӕ уынон ме сӕфт Дӕ фыдгултӕй,
      О Дунедарӕг, куыд нӕ хъуамӕ ӕлгъ кӕнон
      Дӕ ныхмӕ тохгӕнджытыл?
22 Бынтондӕр, бынтондӕр сӕ ме сӕфт уынын;
      уыдон мын знӕгтӕ сты.
23 Бафӕлвар мӕ, Хуыцау, ӕмӕ базон мӕ зӕрдӕ;
      раиртас ӕмӕ базон мӕ хъуыдытӕ.
24 Ӕркӕс мӕм ӕмӕ, кӕд сӕфты фӕндагыл лӕуд дӕн,
      уӕд мӕ сараз мыггагмӕйы царды фӕндагыл.