50 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом,
2 Вирсавиимӕ фӕрӕдийыны фӕстӕ
Давидмӕ пехуымпар Нафан куы ӕрцыди,
уый фӕдыл.
3 Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау,
Дӕ бирӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ;
Де стыр уарзтмӕ гӕсгӕ
мӕ ссыгъдӕг кӕн мӕ фыдмитӕй.
4 Бынтондӕр мын ӕрӕхс мӕ азым,
ссыгъдӕг мӕ кӕн мӕ тӕригъӕдӕй.
5 Уымӕн ӕмӕ ӕз сӕттын мӕ фыдмитыл,
мӕ тӕригъӕд ӕдзух мӕ разы ис.
6 Дӕ ныхмӕ, иунӕг Дӕ ныхмӕ ӕруагътон тӕригъӕд,
фыдми Дӕ разы бакодтон,
ӕмӕ Дӕ уынаффӕ раст у, Дӕ тӕрхон – ӕнӕхӕрам.
7 Ӕз тӕригъӕдджынӕй райгуырдтӕн,
тӕригъӕдджынӕй сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны.
8 Бӕлвырд, Дӕуӕн ӕхцон у ӕргом зӕрдӕ;
мӕ миддунейы мын рухс кӕныс Дӕ уӕлзондӕй.
9 Иссопӕй[13] мыл бапырх кӕн,
ӕмӕ уыдзынӕн сыгъдӕг;
цӕхс мӕ, ӕмӕ уыдзынӕн митӕй урсдӕр.
10 Ратт мын хъӕлдзӕг ӕмӕ цины зӕрдӕйыуаг,
ӕмӕ райдзысты ме стджытӕ, Ды кӕй ныссастай.
11 Аздах Дӕ цӕсгом мӕ тӕригъӕдтӕй,
слӕгъз мын кӕн ме 'ппӕт азымтӕ.
12 Сараз мын, Хуыцау, сыгъдӕг зӕрдӕ,
раст уд сног кӕн мӕ мидӕг.
13 Ма мӕ фӕсур Дӕхицӕй,
Дӕ Сыгъдӕг Уд ма байс мӕнӕй.
14 Раздах мын Дӕ ирвӕзты цин,
Дӕ рӕвдауӕг Удӕй мӕ сфидар кӕн.
15 Галиу адӕмӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ,
тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты Дӕумӕ.
16 Туджы азымӕй мӕ суӕгъд кӕн, Хуыцау,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
ӕмӕ цингӕнгӕ зардзынӕн Дӕ рӕстадыл.
17 О мӕ Хицау Хуыцау, байгом кӕн мӕ дзых,
ӕмӕ стаудзынӕн Дӕу.
18 Уымӕн ӕмӕ нывонд бӕллиццаг нӕу Дӕуӕн,
науӕд Дын ӕй ӕрхӕссин;
иууылсудзинаг дӕр нӕу ӕхцон Дӕуӕн.
19 Саст зӕрдӕ – уый у аккаг нывонд Хуыцауӕн;
саст зӕрдӕ ӕмӕ фӕсмонгӕнӕгыл
Дӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕ, Хуыцау.
20 Дӕ хорз зӕрдӕйӕ фарн ӕруадз Сионыл;
ногӕй самай Иерусалимы култӕ.
21 Уӕд Дын ӕхцон уыдзысты рӕстады нывондтӕ,
судзинаг ӕмӕ иууылсудзинаг нывондтӕ;
уӕд Дӕ нывондхӕссӕныл
ӕрӕвӕрдзысты стыр кусӕрттӕ.

