14 Псалом
1 Давиды псалом.
Дунедарӕг, кӕй бон у Дӕ рухс цатыры ӕрлӕууын?
Кӕй бон у Дӕ сыгъдӕг хохыл ӕрцӕрын?
2 Ӕнаиппӕй чи цӕры, раст кӕй хъуыддӕгтӕ сты,
ӕцӕгад кӕй зӕрдӕйӕ рацӕуы, уый бон бауыдзӕн.
3 Хахуыр кӕй ӕвзагыл нӕ бады,
йӕ хӕларӕн фыдбылыз чи нӕ аразы,
иннӕйы фыдгой чи нӕ кӕны, уый бон бауыдзӕн.
4 Хуыцауӕй хъодыгонд ӕлгъаг кӕмӕн у,
фӕлӕ Дунедарӕджы нымайӕгӕн аргъ чи кӕны,
уый бон бауыдзӕн;
йӕ сомы сӕххӕст кӕнын кӕй нал фӕнды,
фӕлӕ йӕ уӕддӕр чи нӕ сайы, уый бон бауыдзӕн.
5 Лӕскъыл ӕхца чи нӕ дӕтты,
расты фӕзылын кӕныны тыххӕй
гӕртам чи нӕ исы, уый бон бауыдзӕн.
Афтӕ чи кӕны,
уый мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзӕн.

