143 Псалом
1 Давиды псалом.
Арфӕгонд у Хуыцау, мӕ къӕдзӕх;
Уый мын ме 'рмттӕ цӕттӕ кӕны хӕцынмӕ,
мӕ къухы хилтӕ – тохмӕ.
2 Уый мӕ уарзӕгой Хуыцау у, мӕ фидар,
мӕ мӕсыг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ мӕ уарт –
Уый у мӕ хъахъхъӕнӕг.
Уый мӕ адӕмы кӕны мӕ дӕлбар.
3 О Дунедарӕг! Цы у адӕймаг, ӕмӕ йыл Ды аудай,
кӕнӕ цы у лӕджы фырт, ӕмӕ йӕ Дӕ зӕрдыл дарай?
4 Адӕймаджы цард уддзӕфау у;
йӕ бонтӕ айсӕфынц аууонау.
5 О Дунедарӕг! Ӕркъул кӕн Дӕ уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕрцу;
андзӕв хӕхтыл, ӕмӕ сӕ фӕздӕг скӕлдзӕни.
6 Рарвит Дӕ ӕрвӕрттывд ӕмӕ ныффӕйлау знӕгты;
рауадз Дӕ фаттӕ ӕмӕ сӕ лидзӕг фӕкӕн.
7 Бӕрзондӕй ӕрдар Дӕ къух,
фервӕзын мӕ кӕн ӕмӕ мӕ бахиз стыр дӕттӕй,
ӕцӕгӕлон адӕмы къухӕй;
8 Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы фӕлывд ныхас,
сӕ рахиз къух мӕнгардӕй дзаг у.
9 Азардзынӕн Дын ног зарӕг, Хуыцау;
дӕсхъисон фӕндыры зӕлтӕй зардзынӕн Дӕуӕн –
10 Паддзӕхтӕн уӕлахиз дӕттӕгӕн
ӕмӕ Давиды, Дӕ цагъары,
мӕлӕтхӕссӕг цирхъӕй Ирвӕзынгӕнӕгӕн.
11 Бахиз мӕ, фервӕзын мӕ кӕн
ӕцӕгӕлон адӕмы къухӕй;
уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы фӕлывд ныхас,
сӕ рахиз къух мӕнгардӕй дзаг у.
12 Уадз нӕ фырттӕ се 'рыгонӕй уой,
бӕрзонд чи фӕцыд, ахӕм бӕлӕстау,
нӕ чызджытӕ – галуаны аив нывӕфтыд
цӕджындзтау.
13 Нӕ хордӕттӕ уӕнт дзаг алыхуызон хоры бӕркадӕй;
нӕ фыстӕ дӕттӕнт уӕрыччытӕ мингӕйттӕй,
ӕмӕ дӕсгай минтӕй нӕ сӕрвӕтты;
14 Уадз нӕ галтӕ уӕнт хӕрзхаст.
Ма нӕм ӕрбацӕуӕд бырсджытӕ,
ма уӕд ам уацаргӕнджытӕ,
ма хъуысӕд нӕ уынгты хъарӕг.
15 Тӕхудиаг сты ӕппӕт уыдӕттӕй хайджын адӕм!
Тӕхудиаг сты,
Дунедарӕг сӕ Хуыцау кӕмӕн у, уыцы адӕм!

