29 Псалом
1 Давиды псалом.
Зарӕг.
Кувӕндон срухс кӕныны фӕдыл.
2 Бӕрзонд скӕндзынӕн Дӕ кад, Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ схӕцыдтӕ мӕныл
ӕмӕ ме знӕгты ферайын нӕ бауагътай.
3 Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, ӕз Дӕм сдзынӕзтон,
ӕмӕ мӕ Ды сдзӕбӕх кодтай.
4 Ды сластай мӕрдтыбӕстӕй мӕ уды, Хуыцау,
райгас мӕ кодтай,
цӕмӕй ингӕнмӕ ма ныххизон.
5 Зарут Хуыцауӕн, Йӕ рӕстгӕнджытӕ,
ӕппӕлут Йӕ сыгъдӕг номӕй.
6 Уымӕн ӕмӕ Йӕ маст уысмӕй фылдӕр нӕ ахӕссы,
Йӕ аудын та – цӕрӕнбонты.
Изӕрӕй вӕййы хъарӕг,
райсомӕй та – цин.
7 Ӕз мӕ фӕрнджын афон дзырдтон:
«Мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзынӕн».
8 Дӕ аудынӕй, Дунедарӕг,
Ды сфидар кодтай мӕ хох;
фӕлӕ Де 'ргом аздӕхтай мӕнӕй,
ӕмӕ ӕз фӕтыхстӕн.
9 Уӕд Дӕумӕ сдзырдтон, Дунедарӕг –
мӕ Хицауӕн лӕгъстӕ кодтон:
10 «Куы амӕлон, ингӕнмӕ куы ныххизон,
уӕд цы пайда у!
Сыджыт Дӕ стаудзӕни, мыййаг,
ӕмӕ хъусын кӕндзӕни Дӕ ӕцӕгад?
11 Фехъус мӕ, Хуыцау, ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн.
Дунедарӕг, у ме 'ххуысгӕнӕг».
12 Мӕ хъарӕг мын раивтай зарынӕй,
раластай мӕ хъисынтӕ[8]
ӕмӕ мӕ астӕу ӕрбалвӕстай цинӕй.
13 Уымӕн Дӕ стауы мӕ уд,
ӕмӕ Дӕу стауынӕй нӕ банцайдзӕн!
Мыггагмӕ дӕр Дӕуӕй бузныг уыдзынӕн,
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!

