36 Псалом
1 Давиды псалом.
Ма бабӕлл фыдгӕнджытӕм,
ма хӕлӕг кӕн уагхалджытӕм.
2 Уыдон рӕхджы кӕрдӕгау ӕрхуыссдзысты зӕххыл
ӕмӕ бампылдзысты зайӕгхалау.
3 Дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауыл ӕмӕ у хӕрзгӕнӕг;
цӕр зӕххыл ӕмӕ у иузӕрдион.
4 Агур удӕнцой Дунедарӕгмӕ,
ӕмӕ дын сӕххӕст кӕндзӕни дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ.
5 Хуыцауы бар бакӕн дӕ фӕндаг,
ӕууӕнд Ыл, ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр сараздзӕни:
6 Сӕуӕхсидау сӕрттивын кӕндзӕни дӕ ӕцӕгад,
боны рухсау – дӕ рӕстад.
7 Ссар ӕнцой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йыл дӕ зӕрдӕ дар;
ма бахӕлӕг кӕн, бирӕ кӕмӕн ӕнтысы,
ахӕм хин адӕймагмӕ.
8 Мауал мӕсты кӕн ӕмӕ фыдӕх ма хӕсс;
ма-иу стызмӕг у, кӕннод сараздзынӕ фыдбылыз.
9 Уымӕн ӕмӕ фыдлӕгтӕ фӕцагъды уыдзысты,
Хуыцауыл ӕууӕндджытӕ та
уыдзысты зӕххӕн бындартӕ.
10 Иучысыл ма, ӕмӕ фыдлӕгӕн
йӕ кой дӕр нал уыдзӕни;
акӕсдзынӕ сӕм ӕмӕ сӕ нал фендзынӕ.
11 Зӕхх бауыдзӕн фӕлмас адӕмы
ӕмӕ бафсӕддзысты бирӕ фарнӕй.
12 Фыдлӕг фыдвӕндтӕ нывӕнды
рӕстгӕнӕджы ныхмӕ,
цӕуы йӕм йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс.
13 Хуыцау та йыл худы, уымӕн ӕмӕ уыны:
фыдлӕгӕн ӕрӕввахс йӕ кӕрон.
14 Фыдлӕгтӕ сласынц цирхъ
ӕмӕ айвазынц се 'рдынбос,
ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыры ӕрфӕлдахынӕввонг,
цӕмӕй раст фӕндагыл цӕуджыты ӕрбамарой.
15 Сӕ цирхъ ныссӕдздзӕни сӕхи зӕрдӕты,
се 'рдынтӕ асӕтдзысты.
16 Рӕстыты гыццыл мулк
фыдлӕгты бирӕ бӕркадӕй хуыздӕр у.
17 Уымӕн ӕмӕ фыдадӕмӕн сӕ хъару асӕтдзӕни,
рӕстытӕн та Дунедарӕг тых дӕтты.
18 Сыгъдӕджыты цӕргӕбонтӕ
Хуыцауӕн зындгонд сты;
сӕ исбон уыдзӕни мыггагмӕ дӕр.
19 Фыд рӕстӕджы нӕ фегад уыдзысты,
стонг заманы хъуаг нӕ баййафдзысты.
20 Фыдлӕгтӕ та бабын уыдзысты,
Хуыцауы знӕгтӕ
уыгӕрдӕны сойджын кӕрдӕгау фесӕфдзысты –
фесӕфдзысты фӕздӕгау.
21 Фыдлӕг райсы хӕс ӕмӕ йӕ нӕ бафиды;
рӕстгӕнӕг та рӕдауӕй дӕтты.
22 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй арфӕгонд адӕм
уыдзысты зӕххы бындартӕ,
кӕй ралгъита, уыдон та фӕцагъды уыдзысты.
23 Хуыцау кӕй фӕндагыл ауды,
уыцы адӕймаджы къахдзӕфтӕ
скӕны ӕнӕфӕцудгӕ.
24 Куы фӕцуда, уӕд дӕр не 'рхаудзӕн,
уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау хӕцы йӕ къухыл.
25 Ӕз уыдтӕн ӕвзонг, зӕронд дӕр бадӕн,
ӕмӕ нӕ федтон, рӕстгӕнӕджы Хуыцау ныууадза,
ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ уой къӕбӕргур.
26 Рӕстгӕнӕг кӕддӕриддӕр рӕдау у, дӕтты ӕфстау,
ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр арфӕгонд уыдзысты.
27 Аиуварс у фыдмийӕ, у хӕрзгӕнӕг
ӕмӕ цӕрдзынӕ мыггагмӕ.
28 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕстдзинад уарзы
ӕмӕ Йӕ сыгъдӕджыты нӕ ныууадзы,
хъахъхъӕны сӕ ӕнустӕм;
фыдлӕгты байзӕддӕгтӕ та цагъды фӕуыдзысты.
29 Зӕхх бауыдзӕни рӕстыты,
ӕмӕ йыл цӕрдзысты мыггагмӕ.
30 Рӕстгӕнӕджы дзыхӕй рацӕуы зондджын ныхас,
йе 'взагӕй – рӕстдзинад.
31 Йӕ Хуыцауы ӕгъдау йӕ зӕрдӕйы ис;
раст фӕндагӕй нӕ фӕивгъуыйдзӕн.
32 Фыдлӕг сусӕгӕй кӕсы рӕстгӕнӕджы фӕдыл,
хъавы йӕм марынмӕ.
33 Фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухтӕм нӕ ратдзӕни
ӕмӕ йӕ тӕрхоны базылын кӕнын нӕ бауадздзӕни.
34 Дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауыл,
цу Йӕ фӕндагыл, ӕмӕ дӕ сбӕрзонд кӕндзӕни;
зӕххӕн уыдзынӕ бындар
ӕмӕ фендзынӕ фыдлӕгты сӕфт.
35 Федтон ӕз ӕгъатыр фыдлӕджы,
хихджын хӕдӕвзӕрд бӕласау
йӕхи дӕрдтыл айтындзгӕ.
36 Фӕлӕ аивгъуыдта ӕмӕ нал ис,
агурын ӕй ӕмӕ йӕ нӕ арын.
37 Кӕс ӕнаипп адӕймагмӕ
ӕмӕ дӕ цӕст дар рӕстгӕнӕгмӕ;
уымӕн ӕмӕ ахӕм фарнхӕссӕг адӕймагӕн
ис фидӕн.
38 Тӕригъӕдджынтӕ та се 'ппӕт дӕр байсӕфдзысты –
фыдлӕгтӕн фидӕн нӕй.
39 Рӕстытӕн Хуыцауӕй у сӕ ирвӕзт;
хъыг заман сын ӕмбӕхсӕн у.
40 Дунедарӕг сын баххуыс кӕндзӕн
ӕмӕ сӕ бахиздзӕни;
бахиздзӕни сӕ фыдлӕгтӕй
ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн;
уымӕн ӕмӕ Уый у сӕ ныфс.

