45 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Корейы фыртты зарӕг.
«Аламоф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
2 Хуыцау нын армдарӕг ӕмӕ тых,
афоныл ӕххуысгӕнӕг нӕ бӕллӕхты.
3 Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕтӕрсдзыстӕм,
зӕхх куы базмӕлид,
хӕхтӕ денджызты хуыдымтӕм куы ныххауиккой,
4 Дӕтты уылӕнтӕ куы сабухой,
ӕмӕ сӕ уынӕрӕй хӕхтӕ куы нынкъуысой, уӕд дӕр. ||
5 Донуайӕнтӕй райы Хуыцауы сахар –
Бӕрзондбадӕджы сыгъдӕг цӕрӕнбынат.
6 Хуыцау уым ис, ӕмӕ сахар нӕ фӕцуддзӕн;
Хуыцау ын баххуыс кӕндзӕни сӕумӕйӕ.
7 Скатай сты адӕмтӕ, базмӕлыдысты паддзахӕдтӕ:
райхъуысти Дунедарӕджы хъӕлӕс,
ӕмӕ бадон ис зӕхх.
8 Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау немӕ ис,
Иаковы Хуыцау нӕ мӕсыг у. ||
9 Ӕрцӕут ӕмӕ фенут Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ –
зӕххыл цы дисӕфтауӕг митӕ бакодта, уый.
10 Зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ баурӕдта хӕстытӕ,
ацъӕл кодта ӕрдын ӕмӕ асаста арц,
хӕстон уӕрдӕттӕ басыгъта арты.
11 Уый зӕгъы: «Ныссабыр ут ӕмӕ базонут,
Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Мӕ кад бӕрзонд уыдзӕни адӕмты 'хсӕн,
бӕрзонд уыдзӕни зӕххыл».
12 Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау немӕ ис,
Иаковы Хуыцау нӕ мӕсыг у.

