89 Псалом
1 Хуыцауы цагъар Моисейы куывд.
2 Дунедарӕг, Ды уыдтӕ не 'нцойы бынат
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
3 Цалынмӕ хӕхтӕ райгуырдысты,
зӕхх ӕмӕ дун-дуне скодтай –
ӕнустӕй ӕнустӕм Ды дӕ Хуыцау.
4 Адӕймаджы аздахыс сыджытмӕ ӕмӕ фӕзӕгъыс:
«Аздӕхут сыджытмӕ, адӕймаджы фырттӕ!»
5 Уымӕн ӕмӕ Дӕ цӕсты мин азы сты зноны бонау,
кӕркуасӕнты афонау чи аивгъуыйы.
6 Ивылд донау ахӕссыс адӕмы;
уыдон – мӕрдон фынау,
райсомы кӕрдӕгау ӕрбайсӕфынц.
Уый райсомӕй ӕрзайы, изӕрмӕ та аивгъуыйы –
бампылы ӕмӕ бахус вӕййы.
7 Уымӕн ӕмӕ нӕм тызмӕг кӕныс,
ӕмӕ нын кӕрон ӕрхӕццӕ кӕны,
Дӕ азарӕй нӕ тас бацӕуы.
8 Нӕ азымтӕ ӕрӕвӕрдтай Дӕ разы,
нӕ сусӕггӕгтӕ – Дӕ цӕсгомы рухсмӕ.
9 Дӕ азары бын ӕрвыстам не 'ппӕт бонтӕ;
уынӕргъынау фӕвӕййынц нӕ царды азтӕ.
10 Нӕ царды ӕмгъуыд – дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы,
тыхджындӕртӕн – цыппарыссӕдз азы;
сӕ хуыздӕр афон – уӕззау куыст ӕмӕ низтӕ.
Уымӕн ӕмӕ аивгъуыйынц тагъд,
ӕмӕ мах атӕхӕм бӕстон.
11 Чи зоны Дӕ масты тых?
Ды тас ӕфтауыс, ӕмӕ йын чи зоны йӕ бӕрц,
Дӕ азар куы равдисыс, уӕд?
12 Сахуыр кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын,
цӕмӕй нӕ зӕрдӕ уӕлзонд ссара.
13 Кӕдмӕ, Дунедарӕг? Раздӕх нӕм!
Батӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн.
14 Сӕумӕйӕ нӕ бафсад Де стыр хорзӕхӕй,
ӕмӕ не 'ппӕт бонтӕ ӕрвитдзыстӕм райгӕ
ӕмӕ цингӕнгӕйӕ.
15 Цал боны нӕ бафхӕрдтай, уал цины нын ратт,
цал фыдӕхы аз бавзӕрстам, уыйбӕрц.
16 Уадз феной Дӕ цагъартӕ Дӕ ӕрмдзӕф,
сӕ хъӕбултӕ – Де стырад.
17 Дӕ хорзӕх нӕ уӕд, Дунедарӕг Хуыцау,
ратт нын ӕнтыст нӕ хъуыддӕгты,
ратт ӕнтыст нӕ цӕнгты фӕллойы.

