49 Псалом
1 Асафы псалом.
Хуыцӕутты Хуыцау,
Дунедарӕг, райдыдта Йӕ ныхас
ӕмӕ сиды зӕхмӕ – скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ.
2 Ӕмбисонды рӕсугъд Сионӕй
тӕмӕнтӕ калы Хуыцау.
3 Ӕрцӕуы нӕ Хуыцау, фӕлӕ нӕ уыдзӕн ӕнӕсым:
Йӕ разӕй – бынгӕнӕг арт,
Йӕ алфамбылай – тыхджын уад.
4 Сиды уӕлейӕ арвмӕ ӕмӕ зӕхмӕ,
цӕмӕй Йӕ адӕмӕн рахӕсса тӕрхон:
5 «Ӕрӕмбырд Мӕм кӕнут Мӕ сыгъдӕджыты,
нывонд ӕрхӕсгӕйӕ Мемӕ фидыд чи сарӕзта».
6 Ӕмӕ уӕлӕрвтӕ расиддзысты Йӕ рӕстад;
уымӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг у. ||
7 «Байхъусут, Мӕ адӕм,
Ӕз уын зӕгъон Мӕ ныхас;
Израил, Ӕз ӕвдисӕн лӕудзынӕн дӕ ныхмӕ!
Хуыцау дӕн Ӕз, дӕ Хуыцау дӕн.
8 Ӕз дын дӕ нывӕндты тыххӕй нӕ уайдзӕф кӕнын;
дӕ иууылсудзинаг нывондтӕ ӕдзух Мӕ разы сты.
9 Нӕ бакомдзынӕн дӕ хӕдзарӕй род,
нӕдӕр сӕгътӕ дӕ фосдарӕнтӕй.
10 Уымӕн ӕмӕ алы хъӕддаг сырд дӕр Мӕн у,
фос мингай хӕхтыл Мӕн сты.
11 Зонын алы маргъ дӕр хӕхтыл,
цӕрӕгойтӕ быдыры – Мӕн сты.
12 Ӕз куы сыстонг уаин, уӕд дын ӕй нӕ зӕгъин,
уымӕн ӕмӕ ӕгас дун-дуне,
стӕй дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон Мӕн сты.
13 Ӕз, мыййаг, галы фыд хӕрын
кӕнӕ сӕгъы туг нуазын?
14 Ӕрхӕсс Хуыцауӕн дӕ бузныджы нывонд,
Бӕрзондбадӕгӕн цы дзырд радтай,
уый сӕххӕст кӕн.
15 Ӕмӕ дӕ зыны бон ӕрцагур Мӕн;
Ӕз дӕ бахиздзынӕн,
ӕмӕ ды скадджын кӕндзынӕ Мӕн».
16 Фыдлӕгӕн та Хуыцау зӕгъы:
«Цы амоныс Мӕ уагӕвӕрдтӕ
ӕмӕ цы дзурыс Мӕ фӕдзӕхстытыл,
17 Дӕхӕдӕг та Мӕ ӕгъдауӕй де сӕфт куы уыныс,
Мӕ ныхӕстӕ та иуварс куы аппарыс, уӕд?
18 Давӕджы куы феныс,
уӕд сӕмдзӕхдон вӕййыс йемӕ,
хӕтаг адӕмӕн хӕлар дӕ.
19 Дӕ дзыхӕй цӕуы фыдгой,
де 'взаг уафы мӕнгдзинад.
20 Иудадзыг дамтӕ мысыс де 'фсымӕрыл,
хахуыр кӕныс дӕ мадызӕнӕгыл.
21 Ды кодтай уыдӕттӕ, ӕмӕ Ӕз ницы дзырдтон;
ӕмӕ афтӕ банхъӕлдтай,
цыма Ӕз дӕр дӕ хуызӕн дӕн.
Базылын дӕ кӕндзынӕн,
дӕ азымтӕ дын ӕрӕвӕрдзынӕн дӕ разы.
22 Сымах, Хуыцауы рохгӕнджытӕ, бамбарут уый,
науӕд уӕ скуынӕг кӕндзынӕн,
ӕмӕ уын иргъӕвӕг нӕ разындзӕн.
23 Мӕнӕн бузныджы нывонд чи ӕрхӕссы,
уый Мӕ нымайы,
ӕмӕ раст фӕндагыл чи цӕуы,
уымӕн Ӕз фенын кӕндзынӕн,
Хуыцау ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, уый».

