26 Псалом
1 Давиды псалом.
Дунедарӕг – мӕ царды рухс
ӕмӕ мӕ ирвӕзынгӕнӕг –
кӕмӕй мын у тас?
Дунедарӕг – мӕ царды мӕсыг –
кӕй тасӕй бариздзынӕн?
2 Фыдлӕгтӕ, мӕ фыдгултӕ
ӕмӕ ме знӕгтӕ куы тындзой мӕн аныхъуырынмӕ,
уӕд сӕхӕдӕг сӕ къах скъуырдзысты
ӕмӕ ӕрхаудзысты.
3 Ӕнӕхъӕн ӕфсад мыл куы ӕртыхса –
мӕ зӕрдӕ нӕ фӕтӕрсдзӕни;
мӕ ныхмӕ хӕст куы самайой,
уӕддӕр ныфсджын уыдзынӕн.
4 Ӕрмӕстдӕр иу хорзӕх курын Дунедарӕгӕй
ӕмӕ уымӕ тырнын, цӕмӕй мӕ цӕргӕбонтӕ
ӕрвитон Хуыцауы Хӕдзары,
мӕ цӕсты раз уа Хуыцауы рӕсугъддзинад –
уынон Ӕй Йӕ Кувӕндоны.
5 Уымӕн ӕмӕ мӕ тыхсты бон
Уый бамбӕхсдзӕн мӕн,
Йӕ Цатыры мӕ бааууон кӕндзӕн,
схӕссдзӕни мӕ къӕдзӕхы сӕрмӕ.
6 Уӕд ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн,
цы знӕгтӕ мыл ӕртыхст, уыдоныл;
райгӕйӕ Йын ӕрхӕссдзынӕн нывондтӕ Йӕ Цатыры;
зардзынӕн ӕмӕ цӕгъддзынӕн
рӕсугъд зӕлтӕй Дунедарӕгӕн.
7 Дӕумӕ дзурын, Дунедарӕг, фехъус мӕ хъӕлӕс;
батӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт.
8 Мӕ зӕрдӕйы хъуысынц Дӕ ныхӕстӕ:
«Агурут Мӕ цӕсгом».
Ӕмӕ ӕз Дӕ цӕсгом агурдзынӕн, Хуыцау.
9 Ма аздах мӕнӕй Дӕ цӕсгом;
тызмӕгӕй ма бахъоды кӕн Дӕ цагъарыл.
Ды уыдтӕ ме 'ххуысгӕнӕг, ма мыл атигъ кӕн Дӕхи,
ма мӕ ныууадз, Хуыцау, мӕ ирвӕзынгӕнӕг!
10 Мӕ фыд ӕмӕ мад куы ныууадзой мӕн,
уӕддӕр мӕ Хуыцау райсдзӕни Йӕхимӕ.
11 Сахуыр мӕ кӕн, Хуыцау, Дӕ надвӕдыл цӕуын,
сараз мӕ раст фӕндагыл,
уымӕн ӕмӕ ме знӕгтӕ мӕ алыварс сты.
12 Ма бакӕн мӕ уды ме знӕгты бар,
уымӕн ӕмӕ мыл сыстадысты мӕнг ӕвдисӕнтӕ
ӕмӕ ӕхсидынц мастӕй.
13 Фӕлӕ мӕ уӕддӕр уырны:
царды зӕххыл фендзынӕн Хуыцауы хорзӕх.
14 Дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауыл,
у ныфсджын ӕмӕ ӕхсарджын,
дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауыл!

