Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

5 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      уадындзтыл цӕгъдынӕн.
      Давиды псалом.
2 О Хуыцау, фехъус мӕ ныхӕстӕ,
      бамбар мын мӕ уынӕргъын.
3 Дӕ хъус ӕрдар мӕ дзыназынмӕ,
      мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!
      Уымӕн ӕмӕ Дӕумӕ кувын.
4 О Хуыцау, сӕумӕйӕ фехъус мӕ хъӕлӕс,
      боныцъӕхтыл Дӕм ӕрхӕссдзынӕн мӕ курдиӕттӕ
      ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн.
5 Фыдмитӕ Чи нӕ уарзы, Ды уыцы Хуыцау дӕ;
      фыдлӕгӕн бынат нӕй Дӕумӕ.
6 Сӕрыстыртӕн Дӕ цӕсгомы раз
      ӕрлӕууын сӕ бон нӕу;
      ӕппӕт фыдгӕнджытӕ Дын ӕнӕуынон сты.
7 Ды фесафдзынӕ фӕлитойты;
      Хуыцауӕн ӕлгъаг сты тугцъир ӕмӕ мӕнгард.
8 Ӕз та Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ
      бацӕудзынӕн Дӕ Хӕдзармӕ;
      нымдгӕнгӕйӕ ныллӕг акувдзынӕн Дӕуӕн
      Дӕ рухс Кувӕндоны.
9 О Дунедарӕг, бацамон мын Дӕ рӕстад,
      уымӕн ӕмӕ ме знӕгтӕ мӕ алыварс сты –
      ӕмраст скӕн мӕ размӕ Дӕ фӕндаг.
10 Уымӕн ӕмӕ сӕ дзыхӕй раст ныхас нӕ рацӕуы;
      сӕ зӕрдӕ – фыдбылызмӕ арӕзт,
      сӕ хурх – гом ингӕн, фӕливынц ӕвзагӕй.
11 Стӕрхон сын кӕн, Хуыцау,
      сӕ фыдвӕндтӕ сын сӕфтыхос фӕуӕнт;
      сӕ фыдмитӕ бирӕ сты,
      ӕмӕ сыл Дӕхи атигъ кӕн,
      уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхмӕ сыстадысты.
12 Цин кӕнӕнт, Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
      райӕнт мыггагмӕ се 'ппӕт дӕр.
      Дӕ ном чи уарзы, уыдон бакӕн Дӕ дӕлбазыр,
      ӕмӕ уыдзынӕ сӕ цины сӕр.
13 Уымӕн ӕмӕ рӕстгӕнӕгӕн
      арфӕ кӕныс, Дунедарӕг,
      Дӕ хорзӕх ӕй, уартау, ӕмбӕрзы алырдыгӕй.