Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

39 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Давиды псалом.
2 Фидарӕй мӕ зӕрдӕ дардтон Хуыцауыл,
      ӕмӕ мӕм Йе 'ргом раздӕхта,
      фехъуыста мӕ дзыназын.
3 Сласта мӕ талынг уӕрмӕй, арф цъыфдзастӕй,
      къӕдзӕхыл мӕ сӕвӕрдта,
      мӕ къахдзӕф мын скодта ӕнӕфӕцудгӕ;
4 Мӕ зӕрдӕйы мын сӕвӕрдта ног зарӕг –
      кады зарӕг нӕ Хуыцауӕн;
      бирӕтӕ фендзысты, ӕмӕ сӕм фӕзындзӕни тас,
      ныфс ӕвӕрдзысты Дунедарӕгӕй.
5 Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
      Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
      хъалтӕм ӕмӕ мӕнгдзинадмӕ здӕхджытӕм
      ӕмхиц чи нӕу.
6 Бирӕ диссӕгтӕ сарӕзтай Ды,
      Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!
      Нӕ хорзӕхӕн сты Дӕ фӕндтӕ –
      чи уыдзӕн Дӕ хуызӕн!
      Ӕз сӕ радзурин, фӕлӕ сын нымӕц нӕй.
7 Нывондтӕ ӕмӕ Дын хуынтӕ фӕндон нӕ уыдысты,
      фӕлӕ мын Ды байгом кодтай мӕ хъустӕ;
      иууыл судзинаг ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй
      нывондтӕ не 'рцагуырдтай.
8 Уӕд загътон: «Мӕнӕ, фӕцӕуын;
      сыгъдӕг чиныджы фыст ис мӕн тыххӕй.
9 Мӕнӕн ӕхцон у Дӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын,
      мӕ Хуыцау, Де 'гъдау мӕ зӕрдӕйы ис».
10 Стыр ӕмбырды ӕргом кодтон Дӕ рӕстад,
      мӕ дзых нӕ дардтон ӕмырӕй –
      Ды зоныс, Хуыцау.
11 Дӕ рӕстдзинад нӕ бамбӕхстон мӕ зӕрдӕйы;
      Дӕ ӕнувыд ӕмӕ Дӕ ирвӕзындзинадыл
      дзырдтон ӕргомӕй.
      Стыр ӕмбырды нӕ басусӕг кодтон
      Дӕ уарзт ӕмӕ Дӕ ӕцӕгад.
12 Дӕ хорзӕхӕй мӕ ӕнӕхай ма фӕкӕн, Хуыцау;
      Дӕ уарзт ӕмӕ Де 'цӕгад
      иудадзыг хъахъхъӕнӕд мӕн.
13 Уымӕн ӕмӕ мыл ӕртыхстысты
      ӕнӕнымӕц бӕллӕхтӕ;
      мӕ тӕригъӕдтӕ мӕ баййӕфтой,
      ӕмӕ цӕстӕй дӕр нал уынын.
      Мӕ сӕрыл цал ӕрдуйы ис, уымӕй фылдӕр сты;
      мӕ зӕрдӕйы ныфс фесӕфти.
14 Бацауд мыл ӕмӕ мӕ бахиз, Хуыцау;
      рӕвдздӕр мын баххуыс кӕн, Дунедарӕг.
15 Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт,
      мӕн амарынмӕ чи хъавы, уыдон!
      Ӕвзӕр мын кӕй зӕрдӕ зӕгъы,
      уыдон лидзинаг фӕуӕнт ӕмӕ фегад уӕнт.
16 Мӕнӕн чи зӕгъы: «Афтӕ, афтӕ!»,
      уыдон сӕ фырхудинагӕй фӕсонт уӕнт.
17 Дӕумӕ чи тырны,
      уыдон райӕнт ӕмӕ цин кӕнӕнт;
      Дӕ ирвӕзтӕн аргъ чи кӕны,
      уыдон иудадзыг дзурӕнт: «Кадджын у, Хуыцау!»
18 Ӕз та ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр дӕн,
      фӕлӕ лӕууын Хуыцауы зӕрдыл.
      Ды ме 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ мӕ сӕрибаргӕнӕг Дӕ,
      мӕ Хуыцау, ма фӕстиат кӕн.