Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

74 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
      Асафы псалом.
      Зарӕг.
2 Бузныг Дӕ стӕм, Хуыцау, бузныг –
      хӕстӕг у Дӕ ном Дӕ диссаджы хъуыддӕгтыл
      чи дзуры, уыдонмӕ.
3 Ды зӕгъыс:
      «Мӕ нысангонд рӕстӕг куы ралӕууа,
      уӕд рахӕсдзынӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон.
4 Зӕхх ӕмӕ зӕххыл цӕрджытӕ
      ӕмризӕджы куы ризой,
      уӕд ын Ӕз сфидар кӕндзынӕн йӕ цӕджындзтӕ». ||
5 Хиппӕлойтӕн зӕгъын:
      «Уӕ сӕр бӕрзӕндты ма хӕссут»,
      фыдлӕгтӕн та зӕгъын: «Уӕ тыхӕй хъал ма ут,
6 Уӕ тыхыл уӕ зӕрдӕ ӕгӕр ма дарут,
      схъӕлбӕрзӕйӕ ма дзурут».
7 Уымӕн ӕмӕ бӕрзонддзинад не 'рцӕудзӕн
      нӕдӕр скӕсӕнӕй, нӕдӕр ныгуылӕнӕй,
      нӕдӕр ӕдзӕрӕг ранӕй.
8 Фӕлӕ Хуыцау у тӕрхонгӕнӕг:
      иуы ӕрныллӕг кӕндзӕн,
      иннӕйы та бӕрзонд сисдзӕн.
9 Хуыцауы къухы ис ӕхсидгӕ сӕны дзаг кӕхц,
      алыхуызон маст кӕрдӕджытимӕ.
      Уый йӕ ӕркалы ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕххы фыдлӕгтӕ
      быннозт кӕндзысты сӕны бынтимӕ.
10 Ӕз та мыггагмӕ дзурдзынӕн уый тыххӕй,
      зардзынӕн Иаковы Хуыцауӕн.
11 Ӕппӕт фыдлӕгты сыкъатӕ асӕтдзынӕн,
      растгӕнӕгӕн та йӕ кад уыдзӕни бӕрзонд.