79 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
«Фарны кӕркусӕг дидинӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Асафы псалом.
2 Фехъус нӕ, Израилы Фыййау!
Ды фысты дзугау кӕныс Иосифы,
Дӕхи равдис, херувимтыл Бадӕг,
3 Ефрем, Вениамин ӕмӕ Манассийӕн;
раргом кӕн Дӕ тых ӕмӕ ӕрцу
нӕ фервӕзын кӕнынмӕ.
4 О Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых,
срухс нӕ кӕн Дӕ цӕсгомы рухсӕй,
ӕмӕ фервӕздзыстӕм мах.
5 О Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау,
кӕдмӕ ахӕсдзӕни Дӕ маст,
ӕмӕ Дӕ адӕмы куывд ма исай?
6 Дзулы бӕсты сӕ цӕссыгӕй бафсӕстай,
баназын сын кодтай дзӕвгар цӕссыг.
7 Нӕ сыхӕгтӕн фестӕм хъаугъайы амӕддаг,
ӕмӕ ныл худынц не знӕгтӕ.
8 О Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау!
Сног нын кӕн нӕ тых,
срухс нӕ кӕн Дӕ цӕсгомы рухсӕй,
ӕмӕ фервӕздзыстӕм мах.
9 Мысырӕй рахастай сӕнӕфсиры бӕлас;
фӕсырдтай адӕмты ӕмӕ йӕ ныссагътай.
10 Ссыгъдӕг ын кодтай бынат,
ауагъта уидӕгтӕ, ӕмӕ уый байдзаг и зӕххыл.
11 Йӕ аууонӕй бамбӕрзта хӕхтӕ,
йӕ къалиутӕй – егъау нӕзытӕ.
12 Йӕ къабӕзтӕ денджызы онг ауагъта,
йӕ талатӕ – цӕугӕдоны онг.
13 Цӕмӕн ын ныппырх кодтай йе 'мбонд,
йӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуы, уыдонӕн тонынӕн?
14 Хъӕддаг хуытӕ йӕ сафынц,
хӕрынц ӕй быдираг сырдтӕ.
15 Раздӕх нӕм, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау!
Ӕркӕс арвӕй ӕмӕ фен,
бабӕрӕг кӕн уыцы сӕнӕфсирдон,
16 бахъахъхъӕн, Дӕ рахиз къух цы ныссагъта, уый,
ӕмӕ, Дӕхицӕн кӕй сфидар кодтай, уыцы талатӕ.
17 Сӕнӕфсирдон басыгъди, ныццагътой йӕ;
Дӕ уайдзӕфӕй Дӕ адӕм сӕфынц.
18 Дӕ къух ӕрӕвӕр Дӕ рахиз цонджы ӕвзӕрстыл
ӕмӕ адӕймаджы фыртыл,
Дӕхицӕн кӕй сфидар кодтай.
19 Уӕд Дӕуӕй нӕ аздӕхдзыстӕм;
райгас нӕ кӕн, ӕмӕ ссардзыстӕм Дӕ ном.
20 О Дунедарӕг, Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау!
Сног нын кӕн нӕ тых,
срухс нӕ кӕн Дӕ цӕсгомы рухсӕй,
ӕмӕ фервӕздзыстӕм мах.

