23 Псалом
1 Давиды псалом.
Зӕхх ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис,
дун-дуне ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ йе 'ппӕт цӕрджытӕ
Хуыцауы сты.
2 Уымӕн ӕмӕ дуне Уый ӕрӕвӕрдта денджызтыл,
ӕрфидар ӕй кодта цӕугӕдӕттыл.
3 Чи схиздзӕни Хуыцауы хохмӕ,
чи ӕрлӕудзӕн Йӕ сыгъдӕг бынаты?
4 Йӕ къухтӕ ӕназым кӕмӕн сты,
сыгъдӕг кӕй зӕрдӕ у,
мӕнгхуыцауӕн чи нӕ куывта,
сомы чи нӕ сайы, ӕрмӕстдӕр уый.
5 Ахӕм адӕймагыл
Дунедарӕг ӕруадздзӕн Йӕ арфӕ
ӕмӕ йӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕй
райсдзӕни хорзӕх.
6 Ахӕм у, Уый чи агуры,
Дӕ цӕсгомы раз балӕууын кӕй фӕнды,
уыдоны мыггаг, Иаковы Хуыцау! ||
7 Уӕхиуыл схӕцут, кулдуӕрттӕ,
дӕрдтыл байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ,
ӕмӕ бацӕуа цытджын Паддзах!
8 Чи у уыцы цытджын Паддзах? –
Фидар ӕмӕ хъомысджын Дунедарӕг,
тохы басӕттӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау.
9 Уӕхиуыл схӕцут, кулдуӕрттӕ,
дӕрдтыл байгом ут, ӕнусон дуӕрттӕ,
ӕмӕ бацӕуа цытджын Паддзах!
10 Чи у уыцы цытджын Паддзах? –
Уӕлахизгӕнӕг Хуыцау;
Уый у цытджын Паддзах. ||

