Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

77 Псалом

1 Асафы зондамонӕн псалом.
      Байхъусут, мӕ адӕм, мӕ зондамындмӕ;
      ӕз цы зӕгъын, уымӕ уӕ хъус ӕрдарут:
2 Ӕз уын радзурдзынӕн фӕсномыг ныхас,
      ӕрхӕсдзынӕн уын рагбонты ӕмбисӕндтӕ.
3 Мах цы фехъуыстам, цы базыдтам,
      нӕ фыдӕлтӕ нын цы ралӕвӕрдтой,
4 Уый ма бамбӕхсӕм сӕ байзӕддагӕй;
      нӕ фидӕны фӕлтӕртӕн радзурӕм
      Хуыцауы кадыл, Йӕ хъаруйыл,
      цы диссӕгтӕ равдыста, уыдоныл.
5 Уый радта Иаковӕн фӕдзӕхстытӕ,
      ӕрӕвӕрдта ӕгъдау Израилы;
      ӕмӕ нӕ фыдӕлты бар бакодта
      уыдон сӕ цотмӕ адӕттын,
6 Нӕ фӕстагӕттӕ сӕ куыд зоной,
      ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕ, ӕмӕ сӕ уыдон дӕр
      сӕ цотӕн куыд дзурой:
7 Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ дарой,
      Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ма ферох кӕной,
      Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрой,
8 Ӕмӕ сӕ фыдӕлтау ма уой хивӕнд
      ӕмӕ змӕнтӕг фӕлтӕр –
      зӕрдӕйӕ ӕууӕнкджын чи нӕ уыд Хуыцауыл
      ӕмӕ удӕй ӕнувыд, ахӕм фӕлтӕр.
9 Ефремы гӕрзифтонг фырттӕ, фатӕхсджытӕ,
      тохы бон лидзынмӕ куыд фесты,
10 Уыдон не 'ххӕст кодтой Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ,
      нӕ сӕ бафӕндыд Йе 'гъдауыл цӕуын;
11 Сӕ зӕрдыл нал дардтой Йӕ хъуыддӕгтӕ,
      кӕй сын равдыста, Йӕ уыцы диссӕгтӕ.
12 Сӕ фыдӕлты цӕсты раз Мысыры зӕхх,
      Цоаны быдыры, Уый скодта диссӕгтӕ.
13 Фӕдих кодта денджыз, акодта сӕ йӕ астӕуты,
      дон лӕууыди къулау.
14 Боныгон ӕврӕгъы сӕ разӕй цыди,
      ӕхсӕвдӕргъы – Йӕ арты рухсы.
15 Къӕдзӕх фӕдих кодта ӕдзӕрӕг ран
      ӕмӕ, цыма ӕнӕбын суадӕттӕй,
      афтӕ сӕ донӕй бафсӕста.
16 Уый рауагъта къӕдзӕхӕй ивылӕнтӕ,
      цӕугӕдӕттау рацыди дон.
17 Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ ныхмӕ арӕзтой тӕригъӕдтӕ,
      Бӕрзонд Хуыцауы ныхмӕ-иу
      сыстадысты ӕдзӕрӕг ран.
18 Барӕй къахтой Хуыцауы зӕрдаивӕй,
      сӕ уды фӕндиаг хӕринӕгтӕ дзы домдтой.
19 Ӕмӕ дзырдтой Хуыцауы ныхмӕ, зӕгъгӕ:
      «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг ран
      фынг ӕрӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?
20 Уӕдӕ Хуыцау куы ӕрцавта къӕдзӕх,
      уӕд дзы ракалди дӕттӕ, рацыди дзы суадӕттӕ.
      Фӕлӕ Йӕ адӕмӕн Йӕ бон у дзул раттын
      ӕмӕ сӕ дзидзайӕ бафсадын?»
21 Уый фехъуыста Дунедарӕг,
      Йӕ маст сӕм рафыхти,
      ӕмӕ арт сирвӕзти Иаковыл,
      Хуыцауы азар раивылд Израилыл,
22 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауыл не 'ууӕндыдысты,
      нӕ сӕ уырныдта – фервӕзын сӕ кӕндзӕни, уый.
23 Фӕлӕ Хуыцау бардзырд радта
      уӕларвон ӕврӕгътӕн
      ӕмӕ байгом кодта арвы дуӕрттӕ,
24 Ӕмӕ сын уарыди хӕрынӕн маннӕ,
      радта сын уӕларвон хойраг.
25 Зӕдты дзул хордтой адӕм,
      Хуыцау сын радта фаг хӕринаг.
26 Уӕлӕрвтӕй рауагъта скӕсӕйнаг дымгӕ,
      Йӕ тыхӕй ӕркодта хуссайраг.
27 Ӕмӕ рыгау ӕруарын кодта дзидза,
      тӕхаг мӕргътӕ – денджызон змисау.
28 Ӕмӕ сӕ асадӕнмӕ калдта,
      сӕ цатырты алыварс.
29 Бахордтой ӕмӕ фелгъӕд ысты,
      уымӕн ӕмӕ сын Уый сӕ мондӕгтӕ суадзын кодта.
30 Сӕ мондӕгтӕ нӕма суагътой,
      нӕма аныхъуырдтой сӕ комдзаг,
31 Афтӕ сӕ Хуыцауы фыдӕх баййӕфта –
      амардта тыхджындӕрты,
      Израилы ӕвзонг фыртты дӕлгоммӕ ӕрфӕлдӕхта.
32 Уӕддӕр адӕм тӕригъӕды ӕфтыдысты;
      уӕддӕр не 'ууӕндыдысты Хуыцауы диссӕгтыл.
33 Афтӕ сын сӕ мӕнг бонтӕн кӕрон скодта
      ӕмӕ сын ӕвӕст сӕ царды дуг ӕрбайсӕфта.
34 Куы сӕ мардта, уӕд-иу Ӕй райдыдтой агурын,
      здӕхтысты Йӕм сӕумӕрайсомӕй;
35 Сӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууыди,
      Хуыцау сӕ къӕдзӕх кӕй у,
      Бӕрзонд Хуыцау сӕ ирвӕзынгӕнӕг кӕй у.
36 Фӕлӕ Йын дзырдтой козбау ныхӕстӕ,
      сайдтой Йӕ се 'взагӕй.
37 Сӕ зӕрдӕ раст нӕ уыди Йӕ разы,
      Йӕ фидыдыл ӕнувыд нӕ уыдысты.
38 Фӕлӕ Уый уарзӕгой у, барста сын сӕ азымтӕ
      ӕмӕ-иу сӕ нӕ фесӕфта.
      Бирӕ хӕттыты Йӕ маст урӕдта,
      Йӕ фыдӕх сыл ӕххӕст нӕ уагъта.
39 Хуыцау Йӕ зӕрдыл дардта, уыдон буар кӕй сты
      ӕмӕ уддзӕф – чи ацӕуы ӕмӕ нал раздӕхы.
40 Цал хатты сыстадысты тыгъд быдыры Йӕ ныхмӕ,
      цал хатты Дзы бауагътой маст ӕдзӕрӕг бӕстӕйы!
41 Ӕмӕ та ноджыдӕр къахтой Хуыцауы,
      хъыг кодтой Израилы Сыгъдӕджы!
42 Ферох сӕ Йӕ хъомыс,
      ӕфхӕрӕджы къухӕй сӕ куы байста, уыцы бон –
43 Мысыры куы равдыста Йӕ нысӕнттӕ
      ӕмӕ Цоаны дӕлвӕзы Йӕ диссӕгтӕ.
44 Сӕ цӕугӕдӕттӕ сын туг фестын кодта,
      ӕмӕ сӕ дон нуазынӕн нал бӕззыди.
45 Бафтыдта сыл уырынгонты ӕвзӕн,
      цӕмӕй сыл хӕцой, ӕмӕ галхӕфсыты,
      цӕмӕй сын хӕссой стыр зиан.
46 Сӕ зайӕгхалмӕ сын бауагъта къуыдыркӕлмыты,
      сӕ тыллӕг сын фӕкодта мӕтыхты амӕддаг.
47 Сӕ сӕнӕфсиртӕ сын ихӕй ныццагъта,
      сӕ легъуибӕлӕстӕ сын ныссӕлын кодта.
48 Сӕ фос сын фӕцагъта ихӕй,
      сӕ дзугтӕ та сын арв ӕрцавта.
49 Ныккалдта сыл Йӕ судзгӕ маст,
      Йӕ азар, Йӕ фыдӕх; фыдбон сыл ӕруагъта,
      фӕкодта сӕ бынгӕнӕг зӕдты амӕддаг.
50 Йӕ маст нал баурӕдта,
      сӕ цард сын мӕлӕтӕй нӕ бахъахъхъӕдта,
      сӕ фос сын фӕцагъта рынӕй.
51 Мысыры амардта алы хистӕр фырты –
      Хамы цатырты фӕцагъта фыццаггуырдты.
52 Фыстау ракодта Йӕ адӕмы,
      дзугау сӕ кодта ӕдзӕрӕг ран.
53 Кодта сӕ ӕдас фӕндӕгтыл,
      ӕмӕ ницӕмӕй тарстысты,
      се знӕгтӕ та денджызы фӕдӕлдон сты.
54 Ӕрхуыдта сӕ Йӕ сыгъдӕг зӕххы арӕнтӕм,
      Йӕ рахиз цонгӕй кӕй райста, уыцы хохмӕ.
55 Сӕ разӕй сын фӕсырдта муртӕтты,
      сӕ зӕххытӕ фыдӕй фыртмӕ радта уыдонӕн,
      сӕ цатырты сын ӕрцӕрын кодта израилаг адӕмы
      хӕдзарвӕндӕгты.
56 Фӕлӕ уӕддӕр къахтой Хуыцауы,
      Бӕрзондбадӕджы ныхмӕ-иу сыстадысты,
      Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты.
57 Сӕ фыдӕлтау-иу Хуыцауӕй аздӕхтысты,
      цыдысты Йыл гадзрахатӕй,
      зылын фатау-иу фӕиппӕрд сты раст фӕндагӕй.
58 Йӕ хъыджы цыдысты бӕрзӕндтӕн кувынӕй
      ӕмӕ Дзы маст уагътой мӕнгхуыцӕуттӕн кусынӕй.
59 Уый Хуыцау куы фехъуыста,
      уӕд Йӕ маст рафыхти
      ӕмӕ Йӕхи атигъ кодта Израилыл.
60 Ӕмӕ ныууагъта Силомы Йӕ цӕрӕн бынат –
      адӕмы ӕхсӕн Йе 'вӕрд цатыр.
61 Йӕ тыхы ӕвдисӕн радта уацарӕн,
      Йӕ кады бынат – знӕгты къухтӕм.
62 Йӕ адӕмы фӕкодта цирхъы амӕддаг;
      Уый смӕсты Йӕ бындар адӕммӕ.
63 Ӕрыгон лӕппуты арт аныхъуырдта,
      чындзхӕсджыты зарджытӕ нал кодтой чызджытӕн;
64 Сӕ сауджынтӕ фӕлдӕхтысты цирхъӕй,
      сӕ идӕдз устытӕн сӕ бон кӕуын нӕ уыд.
65 Уӕд Дунедарӕг растади,
      цыма Йӕ фынӕй райхъал,
      сӕны тых чи банкъардта, уыцы бӕгъатырау,
66 Ӕмӕ Йе знӕгты лидзинаг фӕкодта –
      мыггагмӕ сӕ ӕгадмӕ ӕртардта.
67 Хуыцау Йӕ цӕст не 'рӕвӕрдта Иосифы цатыртыл,
      Ефремы хӕдзарвӕндаг дӕр нӕ сӕвзӕрста,
68 Фӕлӕ сӕвзӕрста Иудӕйы хӕдзарвӕндаг,
      кӕй бауарзта, Сионы уыцы хох.
69 Уым сӕвӕрдта Йӕ Кувӕндон хӕхтау бӕрзонд,
      сфидар ӕй кодта мыггагмӕ зӕххы бындурау.
70 Ӕмӕ сӕвзӕрста Йӕ цагъар Давиды,
      ракодта йӕ фосдарӕнӕй,
71 Фысты хизӕнӕй йӕ ракодта Иаковмӕ,
      Йӕ адӕммӕ – Йӕ бындар адӕм, Израилы хизынмӕ.
72 Ӕмӕ сӕ хызта сыгъдӕг зӕрдӕйӕ,
      кодта сӕ размӕ арӕхстджын къухӕй.