44 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
«Хъоппӕг дидинӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
Корейы фыртты зондамонӕн,
уарзондзинады зарӕг.
2 Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ.
Мӕ зарӕг – паддзахыл,
ме 'взаг – азфыссӕджы тагъд сис.
3 Ды дӕ ӕппӕт адӕмы фырттӕй хуыздӕр;
хорзӕх рацыди дӕ дзыхӕй, –
афтӕ дыл Хуыцау Йӕ арфӕ бафтыдта мыггагмӕ.
4 Дӕхи сифтонг кӕн, тыхджын,
дӕ цирхъӕй, дӕ цыт ӕмӕ де стырадӕй.
5 Рацу де стырады уӕлбӕхӕй,
у уӕлахиз – ӕцӕгад, фӕлмас
ӕмӕ рӕстады сӕраппонд;
дӕ рахиз цонг саразӕд диссаджы хъуыддӕгтӕ.
6 Цыргъ сты дӕ фаттӕ –
уыдон ахиздзысты паддзахы знӕгты зӕрдӕты;
адӕмтӕ фӕуыдзысты дӕ къӕхты бын.
7 Дӕ Паддзахы бадӕн уыдзӕни мыггагмӕ, Хуыцау;
Дӕ паддзахы лӕдзӕг – рӕстдзинады лӕдзӕг.
8 Ды бауарзтай рӕстдзинад,
ӕнӕуынон дын у фыдми.
Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау, дӕ Хуыцау, сӕвзӕрста дӕу
ӕмӕ дӕ сӕвӕрдта иннӕтӕй уӕлдӕр.
9 Дӕ дарӕстӕ ӕгасӕй дӕр кӕнынц мирройы,
алойы ӕмӕ касийы[10] тӕф.
Пылыстӕгӕй конд галуанӕй
дӕу рӕвдауынц фӕндыры зӕлтӕ.
10 Паддзӕхты чызджытӕ – дӕ кадджын уазджытимӕ;
ус-паддзах офираг сызгъӕрины фӕлыстӕй
ӕрлӕууыди дӕ рахиз фарс.
11 Байхъус, мӕ чызг, кӕс ӕмӕ айс дӕ зӕрдӕмӕ:
ферох кӕн дӕ адӕмы ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар,
12 Ӕмӕ паддзахы зӕрдӕ
бабӕлдзӕни дӕ рӕсугъддзинадмӕ;
уымӕн ӕмӕ уый дӕ бардарӕг у, ӕмӕ йӕ нымай.
13 Тиры чызг ӕд лӕвӕрттӕ
ӕмӕ адӕмты хъӕздыгдӕртӕ
ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты дӕ хорз цӕстӕнгасмӕ.
14 Паддзахы чызгӕн йӕ намыс йӕ уды фидауцы ис;
йӕ дарӕс – сызгъӕрин ӕндӕхтӕй уафт.
15 Аив нывӕфтыд дарӕсы йӕ фӕхонынц паддзахмӕ;
йӕ фӕдыл дын фӕцӕуынц йӕ чызгӕмбӕлттӕ.
16 Фӕхонынц сӕ цингӕнгӕ ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй,
фӕхизынц паддзахы галуанмӕ.
17 Дӕ фырттӕ раивдзысты сӕ фыдӕлты;
ды се 'ппӕт зӕххыл
сӕвӕрдзынӕ кадджын хицӕуттӕй.
18 Дӕ ном дын скӕндзынӕн
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ мысинаг,
ӕмӕ дын адӕмтӕ кад кӕндзысты мыггагмӕ.

