Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

84 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Корейы фыртты псалом.
2 Дӕ хорзӕх равдыстай Дӕ зӕххмӕ, Дунедарӕг,
      Иаковы ракодтай уацарӕй.
3 Дӕ адӕмӕн ныббарстай сӕ азымтӕ,
      ныххатыр сын кодтай се 'ппӕт тӕригъӕдтӕ. ||
4 Аиуварс кодтай Де 'ппӕт азар уыдонӕй,
      Де 'хсидгӕ маст сӕ аздӕхтай.
5 Ӕмӕ та нын сног кӕн нӕ тых,
      нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
      ӕмӕ нӕм мауал мӕсты кӕн.
6 Ау, мыггагмӕ нӕм тызмӕг уыдзынӕ,
      Дӕ маст фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хӕсдзынӕ?
7 Ау, нӕ тых нын нал сног кӕндзынӕ,
      Дӕ адӕмы цин Дӕуыл куыд уа, афтӕ?
8 Равдис нӕм, Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх
      ӕмӕ нын ратт Дӕ ирвӕзындзинад.
9 Байхъусон, Дунедарӕг Хуыцау цы зӕгъдзӕни, уымӕ;
      Йӕ адӕмӕн, Йӕ сыгъдӕджытӕн
      Уый дзуры фарн –
      ӕрмӕст ногӕй ӕнӕзонд фӕндагыл ма ныллӕууӕд.
10 Бӕлвырд, чи Дзы тӕрсы,
      уыдонмӕ Йӕ ирвӕзындзинад хӕстӕг у,
      цӕмӕй Хуыцауы кад цӕра нӕ зӕххыл.
11 Уарзт ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты;
      рӕстад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
12 Иузӕрдиондзинад зӕххӕй ссӕудзӕни,
      рӕстад ӕркӕсдзӕни уӕлӕрвтӕй;
13 Ӕмӕ нын Дунедарӕг ратдзӕни фарн,
      ӕмӕ нӕ зӕхх ӕрхӕсдзӕни тыллӕг.
14 Рӕстад цӕудзӕни Хуыцауы разӕй
      ӕмӕ цӕттӕ кӕндзӕн Йӕ къахвӕдтӕн фӕндаг.