82 Псалом
1 Зарӕг.
Асафы псалом.
2 О Хуыцау! Ма у ӕнӕсым, ма лӕуу ӕнцад,
ма у ӕнӕдзуапп, Хуыцау!
3 Кӕс-ма, Де знӕгтӕ куыд базмӕлыдысты,
Дӕуӕй йе сӕфт чи уыны,
уыдон сӕ сӕрыл куыд схӕцыдысты.
4 Дӕ адӕмы ныхмӕ скодтой сусӕг фыдвӕнд,
уынаффӕтӕ кӕнынц, кӕй хъахъхъӕныс,
уыдоны ныхмӕ.
5 Уыдон зӕгъынц: «Цом, ӕмӕ сӕ фӕцӕгъдӕм
иннӕ адӕмты ӕхсӕн,
Израилӕн йӕ фӕд дӕр куыд нал уа, афтӕ».
6 Баныхас кодтой ӕмзӕрдӕйӕ,
Дӕ ныхмӕ сарӕзтой цӕдис:
7 Едомы хъӕутӕ ӕмӕ измаилӕгтӕ,
Моав ӕмӕ агарӕгтӕ,
8 Гевал, Аммон, Амалик
ӕмӕ Филистим Тиры цӕрджытимӕ.
9 Семӕ баиу Ашур дӕр;
уыдон бафтыдтой Лоты байзӕддаджы тыхыл. ||
10 Киссоны цӕугӕдоны былгӕрон
Мадиамыл, Сисарайыл ӕмӕ Иавиныл цы ӕрцыд,
уый сыл ӕруадз.
11 Уыдон фӕцагъдӕуыд Ен-Доры
ӕмӕ зӕххӕн фестадысты ӕппарӕнтау.
12 Оривӕн ӕмӕ Зивӕн цы сарӕзтай,
уый ӕруадз сӕ номдзыдтыл,
Зевейӕн ӕмӕ Салманӕн цы сарӕзтай,
уый ӕруадз се 'ппӕт уӕздӕттыл.
13 Уыдон дзырдтой:
«Хуыцауы зӕххытӕ нӕхи бакӕнӕм».
14 Мӕ Хуыцау, фӕкӕн сӕ зилгӕуадау,
зыгуымау – дымгӕйы хай.
15 Арт хъӕды къох куыд басудзы,
зынгирвӕзт обӕутты куыд сарауы,
16 Афтӕ сӕ сурӕд Дӕ уад,
Дӕ тыхдымгӕ сӕ баййафӕд.
17 Сӕ цӕсгом сын фегад кӕн, Хуыцау,
Дӕ ном куыд ӕрцагурой, О Дунедарӕг.
18 Ӕгадӕй ӕмӕ тӕрсгӕйӕ цӕрӕнт мыггагмӕ,
фӕхудинаг ӕмӕ бабын уӕнт.
19 Уадз базоной, Дунедарӕг ӕрмӕст Дӕ ном кӕй у –
ӕппӕт зӕххы Бӕрзонд Хуыцау Ды дӕ.

