95 Псалом
1 Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг,
зар Хуыцауӕн, ӕппӕт дуне!
2 Зарут Хуыцауӕн, кад кӕнут Йӕ номӕн,
бонӕй бонмӕ хъусын кӕнут Йӕ ирвӕзындзинад.
3 Адӕмтӕн дзурут Йе стырадыл,
ӕппӕт бӕстӕтӕн – Йӕ диссӕгтыл.
4 Уымӕн ӕмӕ стыр у Дунедарӕг –
ӕппӕлыны аккаг,
тасӕфтауӕг у ӕппӕт хуыцӕутты ӕхсӕн.
5 Мӕнг сты адӕмты хуыцӕуттӕ иууылдӕр,
Дунедарӕг та арв сфӕлдыста.
6 Кад ӕмӕ стырад Йӕ разы сты,
тых ӕмӕ намыс – Йӕ Кувӕндоны.
7 Нымайут Дунедарӕджы, ӕппӕт бӕстӕты мыггӕгтӕ,
нымайут Дунедарӕджы кад ӕмӕ тых.
8 Нымайут Дунедарӕджы кадджын ном,
хӕссут лӕвӕрттӕ ӕмӕ цӕут
Йӕ Кувӕндоны кӕртмӕ.
9 Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ Сыгъдӕг кады рухсы;
риз Йӕ цӕсгомы раз, ӕппӕт дуне!
10 Зӕгъут адӕмтӕн: «Дунедарӕг – Паддзах у!
Уымӕ гӕсгӕ фидар лӕууы дун-дуне,
фӕцудӕн ын нӕй;
Дунедарӕг Йӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕндзӕн
адӕмтӕн».
11 Цин кӕнӕд арв, райӕд зӕхх;
нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон.
12 Райӕд быдыр ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон;
уӕд фырцинӕй зардзысты ӕппӕт бӕлӕстӕ хъӕды,
13 Зардзысты Хуыцауы раз, уымӕн ӕмӕ
Уый ӕрбацӕуы,
ӕрбацӕуы зӕххӕн тӕрхон рахӕссынмӕ.
Уый тӕрхон кӕндзӕн дун-дунейӕн
Йӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ,
адӕмтӕн – Йӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ.

