4 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл цӕгъдынӕн.
Давиды псалом.
2 Куы Дӕм скувын, уӕд-иу мӕ фехъус,
мӕ рӕстады Хуыцау!
Мӕ тыхсты бон Ды уыдтӕ мӕ удӕнцой.
Батӕригъӕд мын кӕн,
дзуапп ратт мӕ куывдӕн.
3 О адӕм, кӕдмӕ калдзыстут цъыф мӕ кадыл?
Кӕдмӕ уарздзыстут мӕнг хъуыддӕгтӕ,
кӕдмӕ ӕмхиц уыдзыстут фӕливынмӕ? ||
4 Фӕлӕ зонут: Хуыцау Йӕхицӕн
сӕвзӕрста Йӕ сыгъдӕджы;
куы скувын Хуыцаумӕ, уӕд мӕ фехъусы.
5 Уӕ масты фӕдыл ма цӕут –
тӕригъӕды бафтдзыстут.
Уӕ фынӕйы размӕ
зӕрдиагӕй ахъуыды кӕнут ӕмӕ ӕрӕнцайут. ||
6 Хӕссут рӕстады нывондтӕ
ӕмӕ Дунедарӕгыл дарут уӕ зӕрдӕ.
7 Бирӕтӕ зӕгъынц:
«Чи нын ӕрхӕсдзӕни фарн?»
Равдис нӕм, Хуыцау, Дӕ цӕсгомы рухс!
8 Ды мӕ зӕрдӕйӕн ӕрхастай цин,
ӕмӕ уый уыдоны бирӕ хор ӕмӕ сӕнӕй
фылдӕр у.
9 Ӕнцад-ӕнцойӕ ӕрхуыссын ӕз
ӕмӕ бафынӕй вӕййын,
уымӕн ӕмӕ, мӕ Хуыцау,
ӕрмӕст Дӕ фӕрцы цӕрын ӕдасӕй.

