Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

32 Псалом

1 Зарут фырцинӕй, Дунедарӕгӕн, рӕстгӕнджытӕ;
      рӕстытыл фидауы Уый стауын.
2 Кад кӕнут Хуыцауӕн дала-фӕндыртыл
      ӕмӕ дыууадӕстӕнонтыл,
      цӕгъдут Ын дӕсхъисонтыл.
3 Зарут Ын ног зарӕг,
      цӕгъдут Ын аив ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй.
4 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ дзырд раст у,
      ӕнувыд у Йӕ алы хъуыддаджы дӕр.
5 Хуыцау рӕстдзинад ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон уарзы;
      зӕхх дзаг у Йӕ хорзӕхӕй.
6 Хуыцауы дзырдӕй сконд сты уӕлӕрвтӕ,
      Йӕ ныхасы хъаруйӕ – ӕппӕт стъалыты рӕдзагъд.
7 Хуыцау цӕндау ӕрӕмбырд кодта денджызты дон,
      Йе ӕвӕрӕнты уромы дӕтты арфытӕ.
8 Ӕппӕт зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй,
      Йӕ тасӕй ризӕнт дун-дунейы ӕппӕт цӕрджытӕ.
9 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау загъта, ӕмӕ сырӕзти;
      бардзырд радта, ӕмӕ сӕххӕст ис.
10 Хуыцау фехалы адӕмты фӕндтӕ,
      фӕмӕнг сын кӕны сӕ уынаффӕтӕ.
11 Хуыцауы фӕнд та мыггагмӕ цӕры;
      Йӕ зӕрдӕйы цы уынаффӕтӕ ис,
      уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ахӕссынц.
12 Тӕхудиаг сты уыцы адӕм,
      Дунедарӕг сӕ Хуыцау кӕмӕн у,
      ӕмӕ – адӕмыхӕттытӕ,
      Уый Йӕхицӕн бындартӕн кӕй сӕвзӕрста.
13 Дунедарӕг кӕсы уӕлӕрвтӕй,
      уыны алы адӕймаджы дӕр.
14 Йӕ паддзахы бадӕнӕй Йӕ цӕст дары
      зӕххыл цӕрӕг ӕппӕт адӕммӕ;
15 Уый у се 'ппӕты зӕрдӕты скӕнӕг,
      лӕмбынӕг кӕсы сӕ алы хъуыддагмӕ дӕр.
16 Паддзах йӕ бирӕ ӕфсады фӕрцы
      нӕ фервӕздзӕни;
      хъӕбатыры йе стыр тых нӕ бахъахъхъӕндзӕн.
17 Бӕхы стыр хъаруйыл ныфс ӕвӕрӕн дзӕгъӕлы у –
      йӕ цырд дугъӕй никӕй фервӕзын кӕндзӕни.
18 Фӕлӕ, Дунедарӕг Йӕ цӕст дары чи дзы тӕрсы
      ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ.
19 Цӕмӕй сын сӕ удтӕ бахиза мӕлӕтӕй
      ӕмӕ сӕ цард – стонг рӕстӕджы.
20 Мах Дунедарӕгыл дарӕм нӕ зӕрдӕ;
      Уый у не 'ххуысгӕнӕг ӕмӕ нӕ уарт.
21 Хуыцауыл цин кӕны нӕ зӕрдӕ,
      уымӕн ӕмӕ Йӕ сыгъдӕг номӕй стӕм ныфсджын.
22 Уӕдӕ Дыл мах нӕ зӕрдӕ куыд дарӕм, Хуыцау,
      афтӕ Дӕ хорзӕх дӕр иудадзыг уӕд немӕ.