85 Псалом
1 Давиды куывд.
Фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт, О Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр дӕн.
2 Мӕ уд мын бахиз,
уымӕн ӕмӕ ӕз иузӕрдион дӕн Дӕуыл;
Ды мӕ Хуыцау дӕ, фервӕзын кӕн мӕн –
Дӕуыл йӕ ныфс ӕвӕрӕг цагъары.
3 Батӕригъӕд мын кӕн, мӕ Хицау Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ сӕумӕйӕ изӕрмӕ Дӕумӕ кувын.
4 Дӕ цагъары зӕрдӕ барухс кӕн, Хуыцау,
уымӕн ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ уды сагъӕс.
5 Ды фӕрнджын ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ,
мӕ Хицау Хуыцау,
Дӕ хорзӕх ӕнӕкӕрон у Дӕумӕ кувджытӕм.
6 Фехъус, Дунедарӕг, мӕ кувын;
ӕркӕс мӕ кӕуын ӕмӕ лӕгъстӕмӕ.
7 Мӕ тыхст бон Дӕумӕ сидын ӕххуысмӕ,
уымӕн ӕмӕ Ды дзуапп ратдзынӕ мӕнӕн.
8 Нӕй хуыцӕутты ӕхсӕн Дӕу хуызӕн, Дунедарӕг,
ӕмӕ нӕй Дӕ хъуыддӕгты хуызӕн.
9 Ды кӕй сфӕлдыстай, уыцы адӕмтӕ
се 'ппӕт дӕр ӕрлӕудзысты Дӕ разы
ӕмӕ Дын бакувдзысты, О Дунедарӕг;
уыдон скадджын кӕндзысты Дӕ ном.
10 Уымӕн ӕмӕ стыр дӕ Ды,
ӕмӕ аразыс диссӕгтӕ;
иунӕг Ды дӕ Хуыцау.
11 Сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндагыл цӕуын, Дунедарӕг,
ӕмӕ Дӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ цӕрдзынӕн;
ратт мӕ зӕрдӕйӕн ӕххӕст фӕндон –
Дӕуӕй куыд тӕрсон.
12 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дӕу стаудзынӕн,
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау;
мыггагмӕ кадджын кӕндзынӕн Дӕ ном.
13 Уымӕн ӕмӕ стыр у Дӕ хорзӕх мӕнмӕ;
мӕ уд мын бахызтай арф ингӕнӕй.
14 О Хуыцау, хъалтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ,
тыхгӕнджыты бал мӕ агуры марынмӕ –
уыдон нӕ нымайынц Дӕу.
15 Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, фӕлмӕнзӕрдӕ
ӕмӕ хатыргӕнӕг,
бирӕбыхсон ӕмӕ иузӕрдион дӕ,
ӕнӕкӕрон у Дӕ уарзт.
16 Де 'ргом раздах мӕнмӕ, батӕригъӕд мын кӕн;
Дӕ тыхӕй бахай кӕн Дӕ цагъарӕн –
фервӕзын кӕн Дӕуӕн лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы
хъӕбулы!
17 Равдис мыл Дӕ аудыны нысан,
мӕ фыдгултӕ йӕ куыд феной ӕмӕ фегад уой,
уымӕн ӕмӕ Ды, Дунедарӕг,
баххуыс кодтай мӕнӕн ӕмӕ мӕ барӕвдыдтай.

