47 Псалом
1 Зарӕг.
Корейы фыртты псалом.
2 Стыр у Дунедарӕг, бӕрзонд у Йӕ кад
нӕ Хуыцауы сахары, Йӕ сыгъдӕг хохыл.
3 Сионы хох алӕмӕты уӕлвӕз у –
ӕппӕт зӕххы цин,
йӕ цӕгат хайы – цытджын Паддзахы сахар.
4 Йӕ галуанты Хуыцауы зонынц сӕрылхӕцӕгӕй:
5 Мӕнӕ адӕмты паддзӕхтӕ
хӕстӕввонгӕй куы бамбырд сты
ӕмӕ йӕм иумӕ куы бацыдысты,
6 Уӕд акастысты, дисы бафтыдысты,
хорзау нал фесты ӕмӕ фӕлыгъдысты.
7 Уым сӕ тас бацыди,
арӕг сылгоймагау хъизӕмары бафтыдысты.
8 Скӕсӕйнаг дымгӕйӕ сын
ныссастай сӕ фарсисӕг наутӕ.
9 Цы фехъуыстам, уый нӕхи цӕстӕй федтам
Уӕлахизгӕнӕг Хуыцауы сахары,
нӕ Хуыцауы сахары.
Дунедарӕг ӕй бахиздзӕни мыггагмӕ. ||
10 Нӕ Хуыцау, Дӕ Кувӕндоны
нӕ хъуыдытӕ Дӕ уарзондзинадыл уыдысты.
11 Дӕ номау, Хуыцау, Дӕ кад дӕр
зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ у;
Дӕ рахиз къух рӕстдзинадӕй дзаг у.
12 Райӕд Сионы хох,
Иудӕйы чызджытӕ[12] цин кӕнӕнт Дӕ тӕрхонтыл.
13 Ацӕут Сионмӕ, ӕрзилут йӕ алыварс
ӕмӕ йын банымайут йӕ мӕсгуытӕ.
14 Лӕмбынӕг ын акӕсут йӕ фидӕрттӕм,
фенут ын йӕ галуантӕ, фенут,
цӕмӕй фидӕны фӕлтӕрӕн
уыдоны тыххӕй радзурат.
15 Уымӕн ӕмӕ Уый Хуыцау у,
нӕ Хуыцау мыггагмӕ;
ӕнустӕм Уый уыдзӕни нӕ фӕтӕг.

