Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

71 Псалом

1 Соломоны псалом.
      О Хуыцау, балӕвар кӕн паддзахӕн тӕрхоны
      Дӕ рӕстдзинад,
      паддзахы фыртӕн – Дӕ сыгъдӕгдзинад,
2 Рӕстӕй куыд тӕрхон кӕна Дӕ адӕмӕн
      ӕмӕ ӕнӕхӕрамӕй – ӕфхӕрдтытӕн.
3 Хӕхтӕ адӕмӕн ӕрхӕсдзысты фарн,
      обӕуттӕ – рӕстад.
4 Ӕфхӕрд адӕмӕн уыдзӕни сӕрылхӕцӕг,
      фервӕзын кӕндзӕн мӕгуртӕн сӕ цоты
      ӕмӕ ныссӕнддзӕн ӕфхӕрджыты.
5 Ӕмӕ Дын кад кӕндзысты, Хуыцау,
      фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, цалынмӕ хур
      ӕмӕ мӕй сӕ бынӕтты сты, уӕдмӕ.
6 Паддзах адӕмӕн фӕуӕд,
      къӕвда карст уыгӕрдӕнтӕн куыд у,
      доны 'ртӕхтӕ зӕхх куыд ӕфсадынц, афтӕ.
7 Йӕ заманы дидинӕг рафтауӕд рӕстгӕнӕг,
      зӕххыл ӕнхъӕвзӕд фарн,
      цалынмӕ мӕй йӕ рухс дӕтта, уӕдмӕ.
8 Уый паддзахиуӕг кӕнӕд денджызӕй денджызмӕ,
      цӕугӕдонӕй[17] зӕххы кӕронмӕ.
9 Йӕ разы ӕрзоныг уӕнт ӕдзӕрӕг рӕтты цӕрджытӕ,
      йе къӕхты бынмӕ ӕрхауӕнт Йе знӕгтӕ.
10 Фарсисы ӕмӕ йын сакъадӕхты паддзӕхтӕ
      раттӕнт хъалон;
      Шевайы ӕмӕ Севӕйы паддзӕхтӕ йын
      ӕрхӕссӕнт лӕвӕрттӕ.
11 Ӕппӕт паддзӕхтӕ йӕ разы ӕрзоныг уыдзысты;
      лӕггад ын кӕндзысты ӕппӕт адӕмтӕ.
12 Уымӕн ӕмӕ уый бахиздзӕни дзыназӕг мӕгуыры
      ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыцы ӕфхӕрды.
13 Ӕдыхтӕн ӕмӕ хъуаг ӕййафджытӕн
      батӕригъӕд кӕндзӕн,
      мӕгуырты удтӕ мӕлӕтӕй бахиздзӕн.
14 Ирвӕзын сӕ кӕндзӕн тыхми ӕмӕ 'фхӕрдӕй,
      уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕн сӕ цард зынаргъ у.
15 Цӕрӕд бирӕ,
      Шевайы сызгъӕринӕй йын уӕд хай!
      Иудадзыг ын кувӕнт,
      арфӕ йын кӕнӕнт ӕрвылбон.
16 Хор тугыл аскъуыйӕд зӕххыл,
      ӕфсир ӕфтауӕнт хӕхты сӕртыл.
      Ливайнаг хуымтау уӕнт бӕркадджын;
      сахарты сбирӕ уӕнт адӕм зӕххы кӕрдӕгау.
17 Йӕ ном цӕрӕд мыггагмӕ;
      цалынмӕ хур йӕ бынаты ис,
      уӕдмӕ кадджын кӕнӕд йӕ ном.
      Адӕмтӕ иууылдӕр йӕ фӕрцы уӕнт арфӕгонд,
      ӕмӕ йӕ уыдон хондзысты тӕхудиаг.
18 Арфӕгонд у Дунедарӕг Хуыцау,
      Израилы Хуыцау;
      иунӕг Уый равдыста диссаджы хъуыддӕгтӕ.
19 Мыггагмӕ арфӕгонд уӕд Йӕ цытджын ном,
      ӕппӕт зӕхх байдзаг уӕд Йӕ кадӕй.
      Амен! Амен!
20 Уыйадыл фесты Иессейы фырт
      Давиды куывдтытӕ.