Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

103 Псалом

1 Стау, мӕ уд, Хуыцауы!
      О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
      куыд диссаджы бӕрзонд у Дӕ ном!
      Ды фӕлыст дӕ кад ӕмӕ намысӕй.
2 Рухсӕй Дӕхи сфӕлыстай дарӕсау,
      арв айтыгътай цатырау.
3 Дӕ уӕларвон галуан ӕрӕвӕрдтай дӕтты сӕрмӕ,
      ӕврӕгътӕй саразыс Дӕхицӕн уӕрдон,
      цӕуыс дымгӕйы базыртыл.
4 Дымгӕтӕй Дӕхицӕн кӕныс фидиуджытӕ,
      пиллон артӕй – Дӕ кусджытӕ.
5 Зӕхх ӕрӕвӕрдтай фидар бындурыл –
      нӕ фӕцуддзӕн ӕнусӕй-ӕнустӕм.
6 Хъӕццулау айтыдтай дӕттӕ,
      уыдон хӕхты дӕр бамбӕрзтой.
7 Дӕ барджын ныхасӕй згъорынц,
      Дӕ ӕрвнӕрды хъӕлӕсӕй лидзынц дӕттӕ,
8 Схӕццӕ вӕййынц хӕхтӕм,
      рацӕуынц дӕлвӕзтӕм,
      Ды сын цы бынат раттыс, уырдӕм.
9 Донӕн ӕрӕвӕрдтай арӕн
      ӕмӕ йын уыцы арӕны сӕрты рахизӕн нӕй,
      ӕмӕ нал раздӕхдзӕн ногӕй
      зӕххы фӕдӕлдон кӕнынмӕ.
10 Донгуырӕнтӕ арвитыс адгуытӕм,
      кӕлынц хӕхты ӕхсӕнты,
11 Ӕфсадынц ӕппӕт быдираг сырдты;
      суанг хъӕддаг хӕрджытӕ дӕр суадзынц сӕ дойны.
12 Донбылтыл цӕрынц уӕларвон мӕргътӕ,
      сыфтӕрты ӕхсӕнӕй райхъуысы сӕ зарын.
13 Бӕрзӕндтӕй Ды басӕттыс сӕ дойны хӕхтӕн,
      Де сконд дыргътӕй бафсадыс зӕхх.
14 Фосӕн ӕрзайын кӕныс кӕрдӕг,
      халсартӕ – адӕймаджы пайдайӕн,
      цӕмӕй зӕххӕн йӕхицӕй раттай хойраг:
15 Адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕггӕнӕг сӕн,
      йӕ цӕсгом кӕмӕй ӕрттивы, уыцы зети,
      адӕймагӕн тыхдӕттӕг дзул.
16 Донӕфсӕст сты Дунедарӕджы бӕлӕстӕ –
      Йӕхӕдӕг кӕй ныссагъта, уыцы ливайнаг нӕзытӕ.
17 Мӕргътӕ сыл сбийынц ахстӕттӕ;
      зазбӕлӕсты – кӕсагласы цӕрӕн бынат;
18 Бӕрзонд хӕхтӕ – сычъитӕн,
      айнӕг къӕдзӕхтӕ – тӕрхъустӕн ӕмбӕхсӕн.
19 Рӕстӕг зонынӕн Ды сфӕлдыстай мӕй;
      хур зоны йӕ аныгуылӕн.
20 Ды айтындзыс талынг – ӕрлӕууы ӕхсӕв
      ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн тезгъойы афон.
21 Ӕрыгон домбӕйттӕ богътӕгӕнгӕ агурынц сӕ
      амӕддӕгты,
      Хуыцауӕй курынц сӕ хӕринаг.
22 Хур куы скӕсы, уӕд аздӕхынц
      ӕмӕ схуыссынц сӕ хуыккӕмтты.
23 Рацӕуы адӕймаг дӕр йӕ куыст кӕнынмӕ
      ӕмӕ фӕархайы суанг изӕрмӕ.
24 Куыд ӕнӕнымӕц сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, Дунедарӕг!
      Ӕппӕтдӕр сфӕлдыстай Дӕ уӕлзондӕй;
      зӕхх дзаг у Де скондӕй.
25 Уый дын стыр ӕмӕ уӕрӕх денджыз;
      ӕмызмӕлд дзы кӕнынц хилджытӕ,
      стыр ӕмӕ чысыл цӕрӕгойтӕ – нымӕц сын нӕй.
26 Ленк дзы кӕнынц наутӕ,
      хъылдымтӕ дзы кӕны, Ды кӕй сфӕлдыстай,
      уыцы кӕфхъуындар.
27 Уыдон иууылдӕр Дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц,
      цӕмӕй сын раттай хӕринаг йӕ афоныл.
28 Ды сын дӕттыс, ӕмӕ уыдон хӕрынц;
      байгом кӕныс Дӕ арм –
      ӕмӕ бафсӕдынц Дӕ бӕркадӕй.
29 Де 'ргом сӕ аздахыс – ӕмӕ стыхсынц;
      сӕ улӕфт сын байсыс – ӕмӕ амӕлынц,
      аздӕхынц сыджытмӕ.
30 Дӕ Уд куы рарвитыс, уӕд сӕвзӕрынц,
      ӕмӕ сног кӕныс зӕххы уӕлцъар.
31 Кад уӕд Дунедарӕгӕн мыггагмӕ;
      цин кӕнӕд Дунедарӕг Йӕ хъуыддӕгтыл!
32 Уый ӕркӕсы зӕххмӕ, ӕмӕ зӕхх баризы;
      андзӕвы хӕхтыл – сӕ фӕздӕг скӕлы.
33 Зардзынӕн Дунедарӕгӕн мӕ цӕргӕбонты;
      цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ зардзынӕн
      мӕ Хуыцауы кадӕн.
34 Уадз ӕмӕ Йын ӕхцон уой мӕ хъуыдытӕ дӕр;
      мӕ цин Дунедарӕгыл уыдзӕни.
35 Уадз зӕххыл ӕрцӕуӕд кӕрон тӕригъӕдджынтӕн,
      фыдлӕгтӕн сӕ кой дӕр мауал уӕнт!
      Стау, мӕ уд, Хуыцауы!
      Алилуйа!