Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

57 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
      Давиды кадӕг.
2 Куы фӕдзурут, уӕд рӕстдзинадӕн
      йӕ дзых не 'хгӕнут?
      Уӕ тӕрхон, мыййаг, ӕнӕхӕрам у,
      адӕймаджы фырттӕ?
3 Хӕрам уӕ зӕрдӕтӕй рацӕуы;
      зӕххыл уӕ къухтӕ барыныл барынц тыхми.
4 Фыдлӕгтӕн суанг сӕ мады гуыбынӕй
      сӕ фӕндаг зылын у,
      ныдздзӕгъӕл вӕййынц,
      сӕ райгуырынӕй дзурынц мӕнг.
5 Сӕ марг у калмы маргау;
      сты ахӕм къуырма калмы хуызӕн,
      йӕ хъустӕ чи сӕхгӕны
6 Ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты хъӕлӕсмӕ чи нӕ хъусы,
      кӕд тӕккӕ дӕсныдӕр кӕлӕнгӕнӕг у, уӕддӕр.
7 О Хуыцау, сӕ дӕндӕгтӕ сын сӕ комы ныссӕтт;
      уыцы домбӕйтты ыссыртӕ
      ныппырх кӕн, Дунедарӕг!
8 Фесӕфӕнт зӕххы ахъарӕг донау;
      се 'рдынбостӕ куы айвазой,
      уӕд сӕ фаттӕ асӕттӕнт.
9 Фесӕфӕнт йӕ хъузгӕй ралӕсӕг сӕтӕлӕгау;
      фыдӕнхъӕл сылгоймаджы сывӕллонау
      хуры рухс ма фенӕнт.
10 Цалынмӕ уӕ цуайнӕгтӕ
      какон сындзыты артмӕ не схъарм сты –
      ӕнӕсыгъд ӕмӕ ӕрдӕгсыгъд –
      уӕдмӕ уӕ мӕлӕт фӕхӕссӕд.
11 Рӕстгӕнӕг бацин кӕндзӕни,
      мастисыны бон куы фена, уӕд;
      ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ӕрӕхсдзӕни фыдлӕджы туджы.
12 Ӕмӕ адӕм зӕгъдзысты:
      «Рӕстгӕнӕг ӕцӕгӕй райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг!
      Уӕдӕ зӕххыл ӕцӕгӕйдӕр ис
      тӕрхонгӕнӕг Хуыцау!»