Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

18 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
      Давиды псалом.
2 Уӕлӕрвтӕ дзурынц Хуыцауы кадыл,
      арвы зылд ӕвдисы Йӕ къухты хъуыддӕгтӕ.
3 Бон бонӕн ӕрвиты ныхас,
      ӕхсӕв ӕхсӕвӕн ӕргом кӕны зонынад.
4 Нӕй сын ӕвзаг, нӕй ныхасыгъӕд,
      нӕ хъуысы сӕ хъӕлӕс;
5 Фӕлӕ ӕппӕт зӕххыл айхъуысынц сӕ зӕлтӕ,
      дун-дунейы кӕронмӕ – сӕ ныхӕстӕ.
      Хурӕн дзы ӕрӕвӕрдта цатыр.
6 Ӕмӕ хур сиахсау рацӕуы
      йӕ чындзӕхсӕвы галуанӕй;
      цыма уӕлахиздзау у,
      афтӕ зӕрдӕрухсӕй згъоры йӕ фӕндагыл.
7 Ӕрзилы арвыл иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ;
      ницы у ӕнӕхай йӕ хъармӕй.
8 Дунедарӕджы ӕгъдау ӕнаипп у, сног кӕны зӕрдӕ.
      Хуыцауы уынаффӕ ӕцӕг у –
      уӕлзонд дӕтты хуымӕтӕгӕн.
9 Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ раст сты, зӕрдӕ сӕ райы;
      Дунедарӕджы фӕдзӕхст тӕмӕнкалгӕ у –
      гом кӕны цӕстытӕ.
10 Хуыцауы тас – сыгъдӕг цардыхос у,
      аххӕсдзӕни мыггагмӕ;
      Хуыцауы уынаффӕтӕ – ӕцӕгад,
      се 'ппӕт дӕр раст сты.
11 Уыдон ӕхцондӕр сты сызгъӕринӕй,
      суанг бирӕ хӕттыты сыгъдӕггонд сызгъӕринӕй дӕр;
      мыдӕй ӕмӕ фӕзгъӕры ӕртӕхтӕй адджындӕр сты.
12 Дӕ цагъары дӕр уыдон хъахъхъӕнынц,
      се 'ххӕст кӕнын стыр хӕрзиуӕг у.
13 Хи азымтӕ чи уыны?
      Мӕ сусӕг тӕригъӕдтӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн,
14 Барӕй ракӕндтӕй дӕр бауром Дӕ цагъары,
      цӕмӕй мыл ма фӕуӕлахиз уой.
      Уӕд ӕз уыдзынӕн ӕнӕфау,
      уӕззау фыдракӕндтӕй сыгъдӕг.
15 Уадз мӕ дзыхӕй рацӕугӕ дзырдтӕ, мӕ хъуыдытӕ
      Дӕуӕн уой фӕндиаг, Дунедарӕг,
      мӕ къӕдзӕх ӕмӕ ме ссӕрибаргӕнӕг!