105 Псалом
1 Алилуйа!
Стаут Дунедарӕджы, арфӕ кӕнут,
уымӕн ӕмӕ Уый фӕрнджын у,
уымӕн ӕмӕ Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
2 Чи радзурдзӕн Дунедарӕджы хъомысы тыххӕй,
Йе 'ппӕт кад чи расиддзӕн?
3 Тӕхудиаг сты, раст тӕрхоныл чи хӕцы
ӕмӕ кӕддӕриддӕр рӕстӕй чи цӕры, уыдон.
4 Дӕ адӕмыл аудгӕйӕ ӕрымыс мӕн дӕр;
раздах мӕнмӕ дӕр Де 'ргом,
фервӕзын мӕ кӕн уыдонимӕ,
5 Цӕмӕй уынон Де 'взӕрстыты фӕрнджын цард,
цин кӕнон Дӕ адӕмы цинӕй,
Дӕ бындар адӕмимӕ ӕппӕлон Дӕуӕй.
6 Мах дӕр-иу, нӕ фыдӕлтау, бафтыдыстӕм
тӕригъӕды,
кодтам ӕнӕгъдау митӕ, арӕзтам
фыдракӕндтӕ.
7 Нӕ фыдӕлтӕ Мысыры куы уыдысты,
уӕд Дӕ диссӕгтӕ не 'мбӕрстой,
сӕ зӕрдыл нӕ дардтой Дӕ бирӕ хӕрзтӕ,
Дӕ ныхмӕ-иу сыстадысты денджызы былыл,
Сырх денджызы былыл.
8 Фӕлӕ сӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта
Йӕ номы сӕраппонд,
цӕмӕй равдиса Йӕ хъомыс.
9 Бардзырд радта Сырх денджызӕн, ӕмӕ бахус;
акодта сӕ арф дӕтты ӕхсӕнты, цыма хус зӕххыл.
10 Ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта сӕ фыдгулы къухӕй,
се знаджы къухӕй сӕ байста.
11 Доны бын фесты се знӕгтӕ – се 'ппӕт знӕгтӕ,
иу дӕр дзы нал баззад.
12 Уӕд баууӕндыдысты Йӕ ныхӕстыл,
кад Ын кодтой сӕ зарджытӕй.
13 Фӕлӕ сӕ рӕхджы ферох сты Йӕ хъуыддӕгтӕ,
нӕ банхъӕлмӕ кастысты Йӕ уынаффӕмӕ.
14 Ӕдзӕрӕг быдыры ацыдысты сӕ мондӕгты фӕдыл,
къахтой Хуыцауы ӕдзӕрӕг ран.
15 Ӕмӕ Дзы цы куырдтой, уый сын радта,
фӕлӕ сыл бафтыдта тыхсӕттӕг рын.
16 Асадӕны израилӕгтӕ бахӕлӕг кодтой Моисеймӕ
ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг кусӕг Ааронмӕ.
17 Уӕд зӕхх аскъуыд ӕмӕ аныхъуырдта Дафаны,
бануӕрста Авироны ӕрдонг.
18 Зынг сирвӕзт сӕ къордыл,
арт басыгъта фыдлӕгты.
19 Хоривы сарӕзтой род –
куывтой згъӕрӕй конд фӕлгонцӕн.
20 Сӕ кады Хуыцауы баивтой
кӕрдӕгхор галы нывыл.
21 Ферох кодтой, Чи сӕ фервӕзын кодта,
уыцы Хуыцауы,
Мысыры стыр хъуыддӕгтӕ,
22 Хамы зӕххы диссӕгтӕ,
Сырх денджызы былыл
ӕвирхъау тасӕфтауӕг митӕ Чи сарӕзта, Уый.
23 Хуыцауы зӕрды уыди сӕ фӕцӕгъдын,
фӕлӕ Моисей, Йе 'взӕрст,
ӕрлӕууыд Йӕ разы ӕхсӕнлӕууӕгӕй,
цӕмӕй Хуыцау Йӕ масты фӕдыл ма ацӕуа
ӕмӕ сӕ ма фесафа.
24 Сӕхи атигъ кодтой бӕллиццаг зӕххыл,
Хуыцауы ныхасыл нӕ баууӕндыдысты
25 Ӕмӕ хъуыр-хъуыр кодтой сӕ цатырты,
нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ.
26 Ӕмӕ сӕм систа Йӕ къух,
цӕмӕй сӕ ныццӕгъда ӕдзӕрӕг быдыры,
27 Ныппырх кӕна сӕ байзӕддӕгты адӕмты ӕхсӕн,
ныффӕйлауа сӕ зӕххы цъарыл.
28 Уыдон куывтой Ваал-Фегормӕ
ӕмӕ хордтой, мард хуыцӕуттӕн кӕй хастой,
уыцы нывондтӕ.
29 Сӕ хъуыддӕгтӕй-иу стызмӕг кодтой Хуыцауы,
ӕмӕ-иу сыл рын сыстади.
30 Уӕд рацыд Финес, слӕууыд се 'хсӕн,
ӕмӕ сӕ рын ныууагъта.
31 Уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл
фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, ӕнусты кӕронмӕ.
32 Фӕлӕ та Меривы дӕтты цур
смӕсты кодтой Хуыцауы,
ӕмӕ Моисей баййӕфта ӕфхӕрд уыдоны тыххӕй.
33 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Уды ныхмӕ рацыдысты,
ӕмӕ Моисей фӕрӕдыд ӕнӕрхъуыды ныхасӕй.
34 Дунедарӕг сын кӕмӕй загъта,
уыцы адӕмты нӕ фӕцагътой.
35 Фӕлӕ схӕццӕ сты муртаттимӕ,
сахуыр сты уыдоны ӕгъдӕуттыл.
36 Куывтой сӕ мӕнгхуыцӕуттӕм,
ӕмӕ сын уыдон систы къӕппӕг.
37 Сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты
хӕйрӕджытӕн хастой нывондӕн.
38 Ныккалдтой-иу ӕназым туг,
сӕ лӕппуты ӕмӕ чызджыты туг –
нывондӕн сӕ хастой Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн;
афтӕмӕй зӕхх фӕчъизи тугӕй.
39 Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕхи стылдтой цъыфы,
сӕ митӕ уыдысты хӕтаджы митӕ.
40 Хуыцауы маст рафыхт Йӕ адӕммӕ,
сӕнад Ын сты Йӕ бындар адӕм.
41 Ӕмӕ сӕ радта муртатты къухтӕм,
сӕ фыдгултӕ сын систы ӕлдӕрттӕ.
42 Се знӕгтӕ сӕ ӕфхӕрдтой,
ӕмӕ уыдысты сӕ дӕлбар.
43 Хуыцау сӕ бирӕ хӕттыты бахызта,
фӕлӕ та-иу сфыдзонд сты;
арфдӕр ныгъуылдысты сӕ азымты.
44 Фӕлӕ-иу сӕм ӕркасти сӕ зынты,
сӕ дзыназын-иу сын куы фехъуыста, уӕд.
45 Семӕ цы фидыд сарӕзта,
уый-иу ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл,
батӕригъӕд-иу сын кодта
Йӕ бирӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ.
46 Уацары кӕмӕ уыдысты,
уыдонӕн дӕр-иу сфӕлмӕн кодта сӕ зӕрдӕтӕ
йӕ адӕммӕ.
47 Фервӕзын нӕ кӕн, Дунедарӕг,
нӕ Хуыцау, рамбырд нӕ кӕн дунейы адӕмтӕй,
ӕмӕ стауӕм Дӕ сыгъдӕг ном,
ӕппӕлӕм Дӕ кадӕй.
48 Арфӕгонд у Дунедарӕг,
Израилы Хуыцау ӕнусӕй-ӕнустӕм!
Уадз ӕппӕт адӕм зӕгъӕд: «Амен!»
Алилуйа!

