54 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
хъисфӕндыртыл цӕгъдынӕн.
Давиды зондамонӕн псалом.
2 Фехъус, Хуыцау, мӕ куывд,
мӕ куырдиатыл ма атигъ кӕн Дӕхи.
3 Ӕркӕс ӕмӕ мын дзуапп ратт;
ӕнцой мын нӕ дӕттынц мӕ мӕстытӕ,
мӕ ныфс мын сӕтты
4 Знаджы хъӕлӕс, фыдлӕг мӕ кӕй ссӕнды, уый;
уыдон мыл кӕнынц фыдаудӕн,
ӕгъатырӕй лӕбурынц мӕнмӕ.
5 Мӕ зӕрдӕ мӕ риуы ӕнкъуысы,
мӕлӕты азар мӕм ӕрбахӕстӕг ис.
6 Тас мӕ бацыди ӕмӕ ризын,
ӕвирхъау адзал мӕ ӕрбалвӕста ӕмӕ уигъы мӕн.
7 Ӕмӕ загътон: «Чи мын раттид бӕлоны базыртӕ,
ӕз атӕхин ӕмӕ ӕрӕнцаин.
8 Фӕцӕуин дард ӕмӕ ӕрулӕфин ӕдзӕрӕг ран. ||
9 Ӕвӕстиатӕй фӕлидзин тыхдымгӕ ӕмӕ уадӕй».
10 Ӕруадз сыл Дӕ фыдӕх, Дунедарӕг,
сӕ ныхас кӕрӕдзийыл куыд нал бада;
уымӕн ӕмӕ тыхми ӕмӕ быцӕу уынын сахары.
11 Ӕхсӕвӕй-бонӕй сисы сӕртыл
зилынц сахары алыварс;
уым ис фыдӕх ӕмӕ удхар.
12 Сахар цӕуы сӕфтмӕ;
йӕ уынгты ӕрцардысты сайын ӕмӕ хин.
13 Знаг нӕ кӕны мӕ фыдгой –
ӕз ын бафӕразин;
мӕ фыдгул нӕ сыстади мӕ ныхмӕ –
ӕз дзы бамбӕхсин,
14 Фӕлӕ уый ды дӕ, мӕ рахиз цонг чи уыди,
мӕ уыцы ӕмбал ӕмӕ уарзон хӕлар –
15 Иумӕ-иу кодтам зӕрдӕбын ныхас,
Хуыцауы Хӕдзармӕ цыдыстӕм дзыллӕимӕ.
16 Мӕлӕты хай фӕуӕнт,
удӕгасӕй дӕлдзӕхмӕ ныххауӕнт;
уымӕн ӕмӕ фыдӕх сӕ хӕдзӕртты
ӕмӕ сӕ мидӕг ис.
17 Ӕз та кувын Хуыцаумӕ,
ӕмӕ Дунедарӕг бахиздзӕни мӕн.
18 Изӕрӕй, сӕумӕйӕ, ӕмбисбон
мӕ хъаст хӕссын Хуыцаумӕ,
дзыназын ӕмӕ мын Уый фехъусдзӕн мӕ хъӕлӕс.
19 Мӕ уд мын дардзӕн ӕнӕзианӕй
мӕ ныхмӕ тохгӕнджытӕй,
кӕд мын бирӕ сты, уӕддӕр.
20 Фехъусдзӕн ӕмӕ сӕ басӕтдзӕн,
райдайӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау; ||
уымӕн ӕмӕ цы сты, уымӕй баззадысты,
Хуыцауӕй нӕ тӕрсынц.
21 Семӕ фидыдӕй чи цӕры,
уыдонмӕ систой сӕ къухтӕ,
фехӕлдтой сӕ цӕдис.
22 Сӕ ныхас – сойӕ лӕгъздӕр,
сӕ зӕрдӕйы та – хӕст;
сӕ дзырдтӕ зетийӕ фӕлмӕндӕр,
фӕлӕ сын ӕлвӕст цирхъӕй уӕлдай не сты.
23 Хуыцауы 'вджид бакӕн дӕ сагъӕстӕ,
ӕмӕ дӕ Уый бахъахъхъӕндзӕн –
никуы бауадздзӕн рӕстгӕнӕджы фӕцудын.
24 Ды, Хуыцау, уыдон ныппардзынӕ ӕнӕбын уӕрмы;
тугцъиртӕ ӕмӕ мӕнгӕрдтӕ
ӕмбис дӕр нӕ фӕцӕрдзысты.
Ӕз та Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ.

