110 Псалом
1 Алилуйа!
Стаудзынӕн Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ
рӕстгӕнджыты ӕхсӕн ӕмӕ адӕмы ӕмбырды.
2 Диссаг сты Хуыцауы хъуыддӕгтӕ,
ӕхцон сты, чи сӕм бӕллы, уыдонӕн.
3 Йӕ хъуыддӕгтӕ – стырад ӕмӕ кад,
йӕ рӕстдзинад цӕры мыггагмӕ.
4 Ӕнӕферохгӕнгӕ скодта Уый Йӕ диссӕгтӕ;
хӕрзгӕнӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Дунедарӕг.
5 Чи Йӕ нымайы, уыдонӕн дӕтты хойраг;
Йӕ фӕдзӕхст Дзы мыггагмӕ дӕр нӕ рох кӕны.
6 Йӕ хъуыддӕгты Йӕ тых равдыста Йӕ адӕмӕн,
муртатты зӕхх сын бынтӕн куы радта, уӕд.
7 Йӕ армӕй сконд – ӕнувыд ӕмӕ раст тӕрхон,
Йӕ уынаффӕтӕ се 'ппӕт дӕр сты ӕцӕг.
8 Фидаргонд сты мыггагмӕ,
арӕзт сты ӕнувыддзинад ӕмӕ рӕстадӕй.
9 Уый Йӕ адӕмӕн рарвыста ирвӕзындзинад;
Йӕ фӕдзӕхст снысан кодта мыггагмӕ –
сыгъдӕг ӕмӕ тасӕфтауӕг у Йӕ ном.
10 Хуыцауы тас зонды гуырӕн у;
Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕстгӕнджытӕн раст зонд ис.
Кад уӕд Уымӕн мыггагмӕ!

