19 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды псалом.
2 Фехъусӕд дӕ Дунедарӕг дӕ хъыджы заман,
бахъахъхъӕнӕд дӕ нӕ фыдӕл Иаковы Хуыцауы ном.
3 Рарвитӕд дын ӕххуыс Йӕ рухс Кувӕндонӕй,
хъару – Сионӕй.
4 Ӕрымысӕд де 'ппӕт хуынтӕ,
айсӕд дын дӕ иууылсудзинаг нывонд[7], ||
5 Дӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллы, уый дын раттӕд,
сӕххӕст дын кӕнӕд де 'ппӕт фӕндтӕ.
6 Мах цинӕй райдзыстӕм дӕ уӕлахизыл;
Хуыцауы номы кадӕн сисдзыстӕм тырыса!
Дунедарӕг дын сӕххӕст кӕнӕд де 'ппӕт курдиӕттӕ.
7 Ӕз ныр базыдтон:
Дунедарӕг ирвӕзын кӕны Йе 'взӕрсты;
Йӕ сыгъдӕг уӕлӕрвтӕй йын дзуапп дӕтты
Йӕ рахиз цонджы ирвӕзынгӕнӕг хъомысӕй.
8 Чи йӕ бӕхуӕрдӕттӕй ӕппӕлы, чи йӕ бӕхтӕй,
мах та – Дунедарӕгӕй,
нӕ Хуыцауы номӕй ӕппӕлӕм.
9 Уыдон фӕцудыдтой ӕмӕ ахаудысты,
мах та сыстадыстӕм ӕмӕ лӕууӕм фидар.
10 Дунедарӕг, фервӕзын кӕн паддзахы,
ӕмӕ Дын куы фӕлӕгъстӕ кӕнӕм,
уӕд-иу нӕ фехъус!

