51 Псалом
1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ.
Давиды зондамонӕн псалом,
2 Идумейаг Доик Саулмӕ куы ӕрцыди
ӕмӕ йын куы загъта,
Давид Ахимелехы хӕдзары ис, зӕгъгӕ,
уый фӕдыл.
3 Цы ӕппӕлыс дӕ фыдмитӕй, тыхджын?
Хуыцауы хорзӕх иудадзыг мемӕ ис.
4 Иннӕйы фесафыныл архайы де 'взаг:
цыргъ сӕрдасӕнау налат у.
5 Хӕрзӕбонӕй фыдбылыз фылдӕр уарзыс,
раст дзурынӕй та – мӕнг. ||
6 Алы бынгӕнӕг ныхас уарзыс ды, фӕлитой ӕвзаг!
7 Уый тыххӕй дӕ Хуыцау
ӕркӕндзӕн ӕнусон раууатмӕ;
фелвасдзӕни дӕ, дӕ цатырӕй дӕ фехсдзӕни дард;
ӕд уидӕгтӕ дӕ срӕдувдзӕн царды зӕххӕй. ||
8 Уый фендзысты рӕстгӕнджытӕ,
тас сӕ бацӕудзӕн, стӕй йыл фӕхуддзысты:
9 «Кӕсут-ма, ацы адӕймагӕн
йӕ ныфс Хуыцау нӕ уыди,
фӕлӕ йӕ зӕрдӕ дардта йӕ бирӕ мулкыл,
хъӕбатыр уыд йӕ ӕвзӕр митӕй».
10 Ӕз та Хуыцауы хӕдзары
цъӕхдарӕг зетибӕласау дӕн
ӕмӕ мыггагмӕ дӕр Хуыцауы хорзӕхыл
дардзынӕн мӕ зӕрдӕ.
11 Хуыцау, Ды цытӕ сарӕзтай,
уый тыххӕй Дӕ стаудзынӕн мыггагмӕ;
мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Дӕ номыл,
уымӕн ӕмӕ уый фарнӕй дзаг у.
Стаудзынӕн Дӕу Дӕ сыгъдӕджыты раз.

