87 Псалом
1 Зарӕг.
Корейы фыртты псалом.
Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ, зарынӕн;
уадынгарзыл.
Еман Езрахийы зондамонӕн ныхас.
2 Дунедарӕг, Мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау,
Дӕ разы дзыназын ӕхсӕв ӕмӕ бон.
3 Схӕццӕ Дӕм уӕд мӕ кувын,
фехъус мӕ кӕуын.
4 Уымӕн ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй байдзаг мӕ уд;
мӕ къах – мӕрдты бӕстӕйы къӕсӕрыл.
5 Мӕн нымайынц, ингӕнмӕ чи фӕцӕуы,
уыдонӕй иуыл;
ӕз сдӕн, тых кӕмӕ нал ис, уыцы адӕймагау.
6 Мӕрдты ӕхсӕн дӕн ӕппӕрст –
лӕджы къухӕй мардау хуыссын,
Ды кӕй нал хъуыды кӕныс,
ӕмӕ Дӕ арм кӕуыл нал ауды, уыдоны ингӕны.
7 Ныппӕрстай мӕ ӕнӕбын уӕрммӕ,
сау дӕлдзӕхы хай мӕ фӕкодтай.
8 Дӕ судзгӕ маст уӕз кӕны мӕныл,
Дӕ ӕппӕт абухгӕ уылӕнты бын мӕ фӕкодтай. ||
9 Мӕ зонгӕты адард кодтай мӕнӕй,
скодтай мӕ уыдонӕн ӕлгъаг;
ӕхгӕды дӕн, алидзӕн мын нӕй.
10 Сагъӕстӕй тайы мӕ цӕсты рухс;
ӕрвылбон Дӕуӕн лӕгъстӕ кӕнын, Дунедарӕг,
Дӕумӕ дарын мӕ цӕнгтӕ.
11 Ау, мӕрдтыл равдисдзынӕ диссаг?
Ау, мӕрдтӕ рабаддзысты
ӕмӕ Дӕ уыдон стаудзысты?
12 Дӕ хорзӕхыл ингӕны дзурдзысты
ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинадыл – мӕрдты дунейы?
13 Талынджы ма Дӕ диссӕгтӕ фенӕн ис,
кӕнӕ рох зӕххы арфы – Дӕ рӕстдзинад?
14 Фӕлӕ ӕз Дӕумӕ сидын ӕххуысмӕ, Дунедарӕг;
сӕумӕйӕ Дӕм мӕ кувын схӕццӕ вӕййы.
15 О Дунедарӕг, цӕмӕн атигъ кодтай мӕ удыл Дӕхи,
ӕмӕ цӕмӕн аздӕхтай Де 'ргом мӕнӕй?
16 Ме 'взонджы бонтӕй-иу ӕфхӕрд
ӕмӕ мӕлынӕввонг уыдтӕн;
ныр дӕр Дӕ азар ӕвзарын, ӕмӕ мӕ ныфс сӕтты.
17 Мӕ сӕрты акалд Дӕ фыцгӕ маст;
Дӕ судзгӕ азар мӕ раууатмӕ ӕркодта.
18 Сӕумӕйӕ изӕрмӕ мӕ алыварс сты донивылдау,
иумӕ мӕ ӕрбалвӕстой.
19 Ды адард кодтай мӕнӕй мӕ зӕрдиаг ӕмбал
ӕмӕ хӕлары;
талынг – мӕ иунӕг ӕмбал.

