Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)
Целиком
Aa
На страничку книги
Псаломтӕ (Псалмы на осетинском языке)

55 Псалом

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгмӕ;
      «Дард тулдзыл бадӕг бӕлон»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ.
      Давиды кадӕг,
      Филистимӕгтӕ йӕ Гефы куы ӕрцахстой,
      уый фӕдыл.
2 Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау –
      адӕймаг зилы мӕ фӕдыл;
      лӕбуры мӕм ӕрвылбон, сулӕфын мӕ нӕ уадзы.
3 Мӕ фӕдылзилджытӕ мӕ ӕнӕхъӕн бон
      уӕгъд нӕ уадзынц;
      схъӕлӕй мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон бирӕ сты.
4 Тасы куы бацӕуын,
      уӕд мӕ зӕрдӕ Дӕуыл фӕдарын.
5 Ӕз Хуыцауимӕ дӕн ӕмӕ ӕппӕлын Йӕ ныхасӕй;
      мӕ ныфс Хуыцау у, нӕ тӕрсын.
      Цы мын ракӕндзӕн зӕххон адӕймаг?
6 Ӕрвылбон зыгъуыммӕ кӕнынц мӕ ныхӕстӕ;
      сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр – мӕ фыдбылызӕн.
7 Ӕмбырдтӕ кӕнынц, зилынц мӕ къахвӕдтыл,
      ӕрӕмбӕхсынц, цӕмӕй мӕ уд сӕ ахӕсты бахауа.
8 Уымӕ гӕсгӕ сын фервӕзӕн нӕй
      сӕ фыдӕхы тыххӕй;
      смӕсты у адӕмтӕм, Хуыцау ӕмӕ сӕ бабын кӕн.
9 Дӕумӕ нымад сты ме 'ппӕт тухӕнтӕ,
      ӕмӕ мӕ цӕссыгтӕ нывӕр Дӕхимӕ мигӕнӕны –
      Дӕ чиныджы не сты уыдон?
10 Дӕуӕй ӕххуыс куы ракурын,
      уӕд ме знӕгтӕ лидзынмӕ фӕвӕййынц –
      уымӕй базонын, Хуыцау ме 'вварс кӕй у.
11 Ӕз Хуыцауимӕ дӕн
      ӕмӕ ӕппӕлын Йӕ ныхасӕй,
      Ӕз Дунедарӕгимӕ дӕн
      ӕмӕ ӕппӕлын Йӕ дзырдӕй –
12 Мӕ ныфс Хуыцау у, нӕ тӕрсын.
      Цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?
13 Ӕз дзырд радтон Дӕуӕн, Хуыцау;
      ӕрхӕсдзынӕн Дын бузныджы нывондтӕ.
14 Уымӕн ӕмӕ мӕлӕтӕй Ды бахызтай мӕ уды,
      мӕ къӕхтӕ – фӕкӕлынӕй,
      цӕмӕй царды рухсы цӕуон Хуыцауы раз.